Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 90:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Йӕ базыры бын дӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дын тас ницӕмӕй уыдзӕн. Йӕ иузӕрдиондзинад — дӕ сис ӕмӕ дӕ уарт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Йӕ базыры бын дӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дын тас ницӕмӕй уыдзӕн. Йӕ иузӕрдиондзинад — дӕ сис ӕмӕ дӕ уарт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 90:4
7 Iomraidhean Croise  

Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, сӕрыстыртӕй ӕмӕ фӕлитойтӕй йӕхи чи хизы!


Боныцъӕхтыл Дунедарӕг арты цӕджындз ӕмӕ мигъы цӕджындзӕй ракасти Мысыры ӕфсадмӕ, ӕмӕ уыдон фыр тӕссӕй барызтысты.


Боныцъӕхты размӕ сӕм Йесо денджызыл къахӕй ӕрбацӕйцыд.


Сымах зонут: хӕдзары хицау, хуыснӕг ӕм кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд фынӕй дӕр нӕ бакӕнид ӕмӕ йӕ къуымтӕ фӕкъахын дӕр нӕ бауадзид.


Тӕхудиаг сты, кӕдфӕнды куы ӕрбацӕуа — ӕмбисӕхсӕв уа ӕви боныцъӕхтыл — сӕ хицау фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Бардарӕгӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та — иу боны хуызӕн.


Ӕмбисӕхсӕв мидианӕгты хъахъхъӕнджытӕ кӕрӕдзийы куы баивтой, уӕд Гедеон ӕмӕ, йемӕ цы сӕдӕ хӕстоны уыди, уыдон мидианӕгты рӕсӕнуаты размӕ бацыдысты, сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ сӕ хъуырӕуттӕ ныппырх кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan