Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 90:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Дунедарӕг зӕгъы: «Уарзы Мӕ, ӕмӕ йӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ ном Мын зоны, ӕмӕ йӕ Ӕз бахиздзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Дунедарӕг зӕгъы: «Уарзы Мӕ, ӕмӕ йӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ ном Мын зоны, ӕмӕ йӕ Ӕз бахиздзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 90:14
13 Iomraidhean Croise  

Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас, сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.


Цин кӕнӕд Израил йе Скӕнӕджы раз, райӕнт Сионы фырттӕ сӕ Паддзахы раз.


Йаковы Хуыцау! Ахӕм у, Дӕу чи агуры ӕмӕ Дӕ разы ӕрлӕууын кӕй фӕнды уыцы адӕмы хъысмӕт.


Ды — ме ’мбӕхсӕн фидар, фыдбылызӕй мӕ хъахъхъӕныс. Фервӕзын мӕ кодтай, ӕмӕ дуне мӕ алыварс байдзаг ис цинӕй.


Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ӕрзоныг кӕнӕнт Дӕ разы, зарӕнт Дӕ кадӕн, Дӕ номы кадӕн зарӕнт!»


Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм!


Чи Мӕ зоны, уыдонӕн Ӕз Рахав ӕмӕ Вавилоны кой ракӕндзынӕн; филистимӕгтӕ, стӕй Тир ӕмӕ Эфиопийы цӕрджытӕ зӕгъдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты».


О, куыд хорз ӕмӕ куыд рӕсугъд уыдзысты! Хорӕй дидинӕг скалдзысты лӕппутӕ, ног сӕнӕй — чызджытӕ!


Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan