Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 90:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Домбай ӕмӕ сау калмы дӕ къӕхты бын кӕндзынӕ, домбай ӕмӕ залымы ныссӕнддзынӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Домбай ӕмӕ сау калмы дӕ къӕхты бын кӕндзынӕ, домбай ӕмӕ залымы ныссӕнддзынӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 90:13
20 Iomraidhean Croise  

ӕмдзӕхгӕр сис-уылӕнты ’хсӕнты Израилы адӕмы ракодта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;


Раздах мӕм Де ’ргом, Дунедарӕг, бахиз мӕ мӕлӕтӕй! Дӕ хорзӕх мӕ кӕй ис, уый фӕрцы мӕ фервӕзын кӕн!


Ӕз та мыггагмӕ кад кӕндзынӕн ӕмӕ стаудзынӕн Йаковы Хуыцауы.


Тӕхуды, куы Мӕм байхъуыстаиккой Мӕ адӕм! Израил Мӕ фӕндагыл куы цыдаид!


Ӕз ын уайсахат йӕ фыдгулты басастаин, йе ’фхӕрджытыл ын Мӕ азар ныххуырстаин.


Цӕмӕн Дӕ хъуамӕ зӕгъой мысырӕгтӕ, уыцы адӕмы сӕ фыдбылызӕн акодта Мысырӕй — хӕхты сӕ бабын кодта, зӕххы цъарӕй сӕ фесӕфта, зӕгъгӕ? Бауром Дӕ судзгӕ маст ӕмӕ Дӕ адӕмы бахиз фыдбылызӕй.


Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ фӕнд аивта — Йӕ адӕммӕ цы бӕллӕхӕй ӕвзыста, уый амӕттаг сӕ нал фӕкодта.


О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!


Куы сӕ ратонон, уӕд та сын ныббардзынӕн ӕмӕ дзы алкӕй дӕр йӕ зӕххы хаймӕ раздахдзынӕн.


Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.


Ӕмӕ Дунедарӕг аивта Йӕ фӕндон. «Нӕ уыдзӕн уый» — загъта Дунедарӕг.


Ӕмӕ Дунедарӕг йӕ фӕндон аивта. «Нӕ уыдзӕн уый дӕр» — загъта Дунедарӕг.


Чи зоны, кӕд нын Хуыцау фӕтӕригъӕд кӕнид, Йӕ судзгӕ мастӕй нӕ бахизид ӕмӕ кӕд нӕ фесӕфиккам».


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕ хорзӕх ӕруадздзынӕн Йерусалимыл, Мӕ Кувӕндон дзы арӕзт ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Йерусалимыл зӕхбарӕн синаг айтындздзысты.


Фидыды Чырын-иу куы ’рлӕууыд, уӕд та дзырдта: «Раздӕх, ӕнӕнымӕц израилӕгты Дунедарӕг!»


Дунедарӕг Йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕни, Йӕ цагъартӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕни, сӕ хъару басаст ӕмӕ сӕрибарӕй, цагъарӕй царӕфтыд кӕнынц, уый куы фена, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan