Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 90:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 90:10
17 Iomraidhean Croise  

Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».


Уӕд Дунедарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт, уымӕн ӕмӕ буар йеддӕмӕ ницы у. Йӕ царды бонтӕ уӕнт сӕдӕ дыууын азы».


Ныридӕгӕн мыл ӕстай азы куы цӕуы, уӕд ма мӕм цы хур кӕсы фидӕнӕй? Цы хӕрын ӕмӕ цы нуазын, уыдоны ад ма бамбардзӕни дӕ цагъар? Зарӕггӕнджыты хъӕлӕс ӕрцахсынхъом ма суыдзысты мӕ хъустӕ? Мӕ бардарӕгӕн, паддзахӕн, фыдӕбоны хос цӕмӕн хъуамӕ уон?


Афтӕ ма йӕ паддзахимӕ Иорданы онг иу чысыл бауайын фӕндыди дӕ цагъары. Дзӕгъӕлы мӕ кӕны паддзах ахӕм стыр хорзӕхы аккаг.


Паддзах Давид тынг базӕронд ис, ӕмӕ-иу ӕй цыфӕнды хъарм куы стыхтой, уӕддӕр йӕ зӕронд стджытӕ нал тӕфстысты,


Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы. Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны.


Ӕрбайсӕфдзӕни фынау, ӕрбацыдӕр уыдзӕн ӕхсӕвы цӕстылуайӕнау.


Куыддӕр сӕхиуыл фервӕссой, афтӕ ӕрбайсӕфдзысты: иннӕтау ӕрхаудзысты ӕмӕ амӕлдзысты; мӕнӕуы ӕфсиртау карст ӕрцӕудзысты.


Уый адӕймаг райгуыры хъизӕмарӕн, цӕмӕй зынджы стъӕлфӕнау арвмӕ стӕха.


Мӕ цӕрӕнуат мын ахӕсдзысты йӕ бынатӕй фыййауы мусонгау. Тынуафӕг йӕ тын куыд батухы, афтӕ батухдзынӕн мӕ цард. Ды мын ӕй алыг кӕндзынӕ, тынуафӕг цӕттӕ тын куыд алыг кӕны, уыйау. Бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ кастӕн, кӕрон мын кӕд скӕндзынӕ, уымӕ.


Ӕртиссӕдз азӕй уӕлӕмӕ цы нӕлгоймагыл цӕуы, уымӕн йӕ аргъ — фынддӕс шекелы, сылгоймагӕн та — дӕс шекелы.


Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“


Моисейыл уӕд цыди сӕдӕ дыууын азы, фӕлӕ цӕстӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр нӕма фӕцудыдта.


Афтӕмӕй та, райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Цы у уӕ цард? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы.


Фӕлӕ мӕ Моисей сгарынмӕ куы арвыста, уӕдау абон дӕр дӕн фидар. Уӕд мӕм цас хъару уыд, ныр дӕр мӕм уыйас хъару ис хотых райсынӕн дӕр ӕмӕ тохы бацӕуынӕн дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan