Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 9:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Фӕлӕ Дунедарӕг Йӕ къӕлӕтджыны — ӕнустӕм, Йӕ паддзахы бадӕн тӕрхон кӕнынмӕ цӕттӕ у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Фӕлӕ Дунедарӕг Йӕ къӕлӕтджыны — ӕнустӕм, Йӕ паддзахы бадӕн тӕрхон кӕнынмӕ цӕттӕ у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 9:8
15 Iomraidhean Croise  

Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»


«Цы пайда ис мӕ мӕлӕтӕй, ингӕнмӕ кӕй бацӕудзынӕн, уымӕй? Зӕххы рыг Дын скад кӕндзӕни? Дӕ иузӕрдионы кой ракӕндзӕни?


Дӕ ныхмӕ, ӕрмӕст Дӕ ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд, фыдракӕнд сарӕзтон Дӕ разы: раст у Дӕ уынаффӕ, ӕнӕхӕрам у Дӕ тӕрхон.


Стаут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, кад Ын кӕнут Йӕ сыгъдӕг хохыл, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг у Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!


Стаугӕйӕ, бахизут Йӕ кулдуарӕй, арфӕгӕнгӕ бацӕут йӕ кӕртмӕ, скад Ын кӕнут, арфӕ ракӕнут Йӕ номӕн.


Дунедарӕг уыдзӕни Паддзах — мыггагӕй-мыггагмӕ!»


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».


Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan