Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 9:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Мӕрдтыбӕсты хай бауӕнт фыдгӕнджытӕ, Хуыцау кӕмӕй ферох, ӕппӕт уыцы адӕмтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

18 Мӕрдтыбӕсты хай бауӕнт фыдгӕнджытӕ, Хуыцау кӕмӕй ферох, ӕппӕт уыцы адӕмтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 9:18
15 Iomraidhean Croise  

Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдон та Дунедарӕджы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты мыггагмӕ.


Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, Йӕ хъомысджын зӕдтӕ, Йӕ дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ, Йӕ ныхасмӕ хъусджытӕ.


цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.


уӕд мыггагмӕ кад кӕндзысты Дӕуӕн, цалынмӕ ’рттивой хур ӕмӕ мӕй.


сӕ цард-цӕрӕнбонты хъизӕмар кӕй не ’взарынц, сӕ амӕлӕты онг сӕ хъару кӕй нӕ сӕтты, уый уынгӕйӕ.


Кады зарӕг кӕнут Дунедарӕгӕн, Сионы Паддзахӕн, адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.


уымӕн ӕмӕ дӕуӕн ис фидӕн, дӕ зӕрдӕдарӕн сӕфт нӕу.


Уӕлзонд дӕр ахӕм у дӕ удӕн, кӕд ӕй ссарай, уӕд дын ис фидӕн, дӕ зӕрдӕдарӕн сӕфт нӕ уыдзӕн.


Йӕ хорзӕхтӕй бафсӕста ӕххормӕгты, бонджынты та ницӕимӕ арвыста.


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтыл Йӕ цӕст ахаста ӕмӕ райдыдта дзурын: «Тӕхудиаг стут, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Хуыцауы Паддзахад сымах у.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan