Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 9:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг, ӕркӕс, ме знӕгтӕ мӕ удхарӕй куыд марынц, уымӕ, мӕлӕты комӕй мӕ байс!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг, ӕркӕс, ме знӕгтӕ мӕ удхарӕй куыд марынц, уымӕ, мӕлӕты комӕй мӕ байс!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 9:14
27 Iomraidhean Croise  

Афтӕ зӕгъӕнт, Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кодта, се ’фхӕрджыты къухӕй кӕй байста,


Фыр тӕссӕй риздзысты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнджытимӕ ис.


Уый Дӕуӕй куырдта цард, ӕмӕ йын Ды бирӕ цӕрӕнбон радтай ӕнусмӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Сӕуӕхсид»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом.


Дӕ хойрагӕй сӕ ’фсадыс, сӕ дойны сын сӕттыс Дӕ цины цӕугӕдӕттӕй.


Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ, Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ, стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй, о Хуыцау, мӕ Хуыцау!


Батӕригъӕд кӕн, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕбон дӕн. Сдзӕбӕх мӕ кӕн, Дунедарӕг, — ме стджыты онг баризы мӕ буар,


Уӕларвӕй нын фехъусын кодтай Дӕ тӕрхон, ӕмӕ дуне фыр тӕссӕй ныссабыр,


Уӕд ын цӕмӕн ныппырх кодтай йӕ бырутӕ, йӕ цупӕлттӕ йын цӕмӕн тонынц фӕндаггӕттӕ?


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Израилӕгты дзыназын Мӕм сыхъуыст, федтон, мысырӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый.


Ирвӕзындзинады суадӕттӕй цингӕнгӕ исдзыстут дон.


ӕмӕ йын Ӕз загътон: „Ӕлгъ дыл кӕндзысты ӕмӕ дыл худдзысты Сионы хохы цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм.


Дунедарӕг фехъусын кодта ӕгас дунейӕн: «Фехъусын кӕнут Сионы сахарӕн, дӕ ирвӕзыны сахат ӕрбаввахс ис, зӕгъгӕ! Дунедарӕг ӕрбацӕуы ӕмӕ схорзӕхджын кӕндзӕн Йӕ адӕмы».


Сыст ӕмӕ райдай ссын, Сионы чызг! Ӕфсӕйнаг сыкъатӕ, ӕрхуы сӕфтджытӕ дын скӕндзынӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмты басӕтдзынӕ. Сӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ сын сӕ исбон фесафдзынӕ — Дунедарӕгӕн, ӕппӕт зӕххы Дунедарӕгӕн сӕ снывонд кӕндзынӕ.


уӕд дӕр ӕз цин кӕндзынӕн Дунедарӕгыл, мӕ зӕрдӕ райдзӕнис Хуыцауӕй, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй.


Мӕ уд цин кӕны Хуыцауыл, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл!


Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan