Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 89:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дӕуӕн мин азы сты зноны бонау, ӕхсӕвы хъахъхъӕнӕджы иу аивдау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Дӕуӕн мин азы сты зноны бонау, ӕхсӕвы хъахъхъӕнӕджы иу аивдау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 89:5
24 Iomraidhean Croise  

Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлтимӕ куы баиу уай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ фырттӕй иуы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.


Уый Мын сараздзӕни Хӕдзар, Ӕз та йын мыггагмӕ йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн.


Ныхъхъӕр кӕн — чи дын ратдзӕн дзуапп? Ӕппындӕр ничи, иу сыгъдӕг дӕр — нӕ!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Дӕ ныхмӕ, ӕрмӕст Дӕ ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд, фыдракӕнд сарӕзтон Дӕ разы: раст у Дӕ уынаффӕ, ӕнӕхӕрам у Дӕ тӕрхон.


Хуыцау — мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ кад, мӕ фидар къӕдзӕх, ме ’мбӕхсӕн.


Уымӕн ӕмӕ мах Дӕ азарӕй фесӕфӕм, Дӕ маст ныл ӕвирхъау тас ӕфтауы.


Хӕтӕлтӕ ӕмӕ сыкъауадындзы цагъдимӕ цинӕй райут уӕ Паддзахы, Дунедарӕджы раз!


Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.


Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.


Йӕ паддзахы бадӕн — арт, йӕ цӕлхытӕ артау цӕхӕр калынц, Йӕ цурӕй пиллонкалгӕ арт цӕугӕдонау размӕ бырсы. Лӕггад Ын кӕнынц мин-минтӕ, уырдыг Ын лӕууынц ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ. Байгом сты чингуытӕ, ӕмӕ тӕрхон райдыдта.


цӕмӕй, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн Аргъуаны руаджы ныр зындгонд уа Хуыцауы уӕлзонд, алы хуызы йӕхи чи ӕвдисы, уый.


Уый загъта: «Дунедарӕг Синайӕ рацыди, Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис, Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ Параны хӕхты сӕр, Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт.


Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд.


Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan