Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 89:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Нӕ Дунедарӕг Хуыцауы хорзӕх нӕ уӕд! Нӕ къухтӕ нын фӕфидар кӕн нӕ алы хъуыддаджы, хъару ратт нӕ цӕнгты фӕллойӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Нӕ Дунедарӕг Хуыцауы хорзӕх нӕ уӕд! Нӕ къухтӕ нын фӕфидар кӕн нӕ алы хъуыддаджы, хъару рат нӕ цӕнгты фӕллойӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 89:17
14 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни».


ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн хъӕбулы амонд ратты. Алелуйа!


Уый Йӕ адӕмӕн радта уӕлахиз, скадджын кодта Йе ’ппӕт сыгъдӕджыты — Израилы байзӕддаджы, ӕввахс Ӕм чи у, уыцы адӕмы. Алелуйа!


Дунедарӕджы хъӕлӕс арты цӕхӕртӕ рацӕгъды.


Ды, Хуыцау, тӕрхон кӕнын куы райдыдтай ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы сӕрыл куы рахӕцыдтӕ, уӕд.


Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.


Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.


Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.


Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan