Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 89:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дӕ цагъартӕ Дын Де стырад куыд феной, сӕ кӕстӕртӕм куыд раргом уа Дӕ кад!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Дӕ цагъартӕ Дын Де стырад куыд феной, сӕ кӕстӕртӕм куыд раргом уа Дӕ кад!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 89:16
20 Iomraidhean Croise  

Тӕхудиаг у, Хуыцауы амындтытӕ сӕйраг кӕмӕн сты ӕмӕ ӕдзух рӕстӕй чи цӕры, уый!


Зарут Дунедарӕгӕн, Йӕ иузӕрдионтӕ, сыстаут Ын Йӕ уаз ном,


Ӕнӕмӕтӕй куы цардтӕн, уӕд дзырдтон: «Ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн».


Хуыцау ын йе стджытӕ дӕр хъахъхъӕны, ӕмӕ дзы иу дӕр саст не ’рцӕудзӕн.


Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, ӕмӕ ӕууӕндгӕ дӕр кӕуыл кодтон, мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый дӕр мӕ ныхмӕ рацыди.


Ды бауарзтай рӕстдзинад, фыддзинад Дын ӕнӕуынон у. Уымӕ гӕсгӕ Дӕу Хуыцау, Дӕ Хуыцау, демӕ чи ис, уыдонӕй уӕлдай циндӕттӕг сойӕ байсӕрста.


Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ суа куырыхон.


Йаковы хӕдзарвӕндаг! Ӕрбацӕут, ӕмӕ Дунедарӕджы рухсы цӕрӕм!


уӕ сӕрибары дуг уын ӕрбаввахс кодтон, дард нал у. Рӕхджы рахӕцдзынӕн Сионы хохы сӕраппонд, Израил суыдзӕни Мӕ фӕлындӕн.


Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг».


Анымайут авд хатты авд азы, ӕдӕппӕтӕй авд авды куыд уой. Ӕмӕ сабаты азтӕй авд куы рацӕуа — фараст ӕмӕ дыууиссӕдз азы,


уӕд ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон, Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон, уӕ бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут


Мӕ уд цин кӕны Хуыцауыл, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл!


Фарны Уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни».


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕз нал тырнын, Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы мӕм цы рӕстад уыди, уый равдисынмӕ, фӕлӕ тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ.


Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan