Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 89:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ суа куырыхон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ суа куырыхон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 89:12
16 Iomraidhean Croise  

Уый айтыгъта цӕгат афтид тыгъдады сӕрмӕ, ницӕуыл ӕрцауыгъта зӕхх.


Арфӕ дын ракӕндзӕни Сионӕй Дунедарӕг, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг.


Давиды псалом. Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи.


Мӕ Хуыцау! Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ, уадз ӕмӕ ма фӕхудинаг уон, ма мыл фӕуӕлахиз уой ме знӕгтӕ.


Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Ды сын дзуапп лӕвӕрдтай ӕмӕ сын уыдтӕ бараг Хуыцау, фӕлӕ сӕ ӕфхӕрдтай сӕ рӕдыдты тыххӕй.


Цин кӕн, уӕларв! Цинӕй рай, зӕхх! Цинхъӕр кӕнут, хӕхтӕ! Дунедарӕг барӕвдыдта Йӕ удхайраг адӕмы, батӕригъӕд сын кодта.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — хӕхты астӕу — Фавор, денджызы раз — Кармел хох. Уыдонау хъомысджын чи у, уый уӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн.


Израилӕгтӕ Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, стӕй Арноны тӕрфӕй суанг Ермоны хохы онг ӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы скӕсӕйнаг фарс цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдонӕн сӕ паддзӕхтӕ, Израилы ӕфсад кӕй басаста, уыдон, хуындысты Сигон ӕмӕ Ог.


Арӕн цӕгаты хӕццӕ кодта Фаворы хохмӕ, Шахацим ӕмӕ Бет-Шемешмӕ, скӕсӕны та банцад Иорданыл. Ӕдӕппӕт ӕхсӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Сисерамӕ фӕхабар чындӕуыд, Авиноамы фырт Барак Фаворы хохыл ис, зӕгъгӕ.


Иу хатт Деворӕ фӕсидтис Авиноамы фырт Баракмӕ. Уый царди Кедешы сахары, Неффалимы зӕххыл. Куы ’рбацыди, уӕд ын Деворӕ загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы дӕуӕн: „Фаворы хохмӕ демӕ Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй дӕс мин хӕстоны акӕн ӕмӕ уым ӕрлӕуу.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan