1 Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы куывд.
Йӕ куырыхон зондӕн ӕмбал нӕ уыди. Уыйас зонындзинӕдтӕ никӕмӕ уыди, суанг Езрахитаг Етанмӕ ӕмӕ Махолы фырттӕ Хеман, Калкол ӕмӕ Дардамӕ дӕр. Йӕ ном айхъуысти йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтыл.
Соломон дӕр ӕрвылаз Хирамы хӕдзарӕн ӕрвыста ссӕдз мин коры мӕнӕу ӕмӕ ссӕдз коры сыгъдӕг оливӕйы сой.
Зарахӕн уыди фондз фырты: Зимри, Етан, Хеман, Калкол, Дара.
Рыст адӕймаджы куывд, Дунедарӕджы раз йӕ зӕрдӕйы хъыгтӕ куы раргом кӕны, уӕд.
Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, стаут Ӕй, уымӕн ӕмӕ ныл ауды, мыггагмӕ нӕ буц кӕны Йӕ хорзӕхтӕй!
Дӕ царды фӕндаг Дунедарӕджы бар бакӕн, дӕ зӕрдӕ Йыл дар, ӕмӕ дын Уый дӕ алы хъуыддаг дӕр сараздзӕн:
Паддзахиуӕг кӕнӕд иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.
Мӕлӕтдзаг цӕф ныккодтай Рахавӕн, Дӕ хъомысджын къухӕй Де знӕгты фӕсырдтай.
Нӕ тӕригъӕдтӕ нын равӕрдтай Дӕ разы, нӕ сусӕгтӕ Дӕ цӕсгомы рухсӕй раргом кодтай.
Незамантӕй Дӕ паддзахы бадӕн — ӕнӕфенкъуысгӕ, Дӕхӕдӕг та — паддзах ӕнустӕм!
Дунедарӕг, Ды — мӕ Хуыцау! Стауын Дӕ — кад Дын кӕнын Дӕ номӕн! Ды сарӕзтай ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ — цы фӕнд дӕм ӕрцыди рагзаманы, уый ныр сӕххӕст кодтай, иузӕрдион Хуыцау!
ӕрвылбон ногӕй суадзынц талатӕ».
Ды иузӕрдион уыдзынӕ Йаковыл, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ Авраамӕн, райдианы нӕ фыдӕлтӕн сомы куыд ракодтай, афтӕ.
ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау,