Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 87:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Мӕрдты ’хсӕн мӕ ныууагътой; ингӕны чи хуыссы, уыдоны — лӕджы къухӕй кӕй амардӕуыд, Ды хъуыды дӕр кӕй нал кӕныс ӕмӕ Дӕ къухӕй чи фӕиртӕсти, уыдоны ’нгӕс сдӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Мӕрдты ’хсӕн мӕ ныууагътой; ингӕны чи хуыссы, уыдоны — лӕджы къухӕй кӕй амардӕуыд, Ды хъуыды дӕр кӕй нал кӕныс ӕмӕ Дӕ къухӕй чи фӕиртӕсти, уыдоны ’нгӕс сдӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 87:6
11 Iomraidhean Croise  

Сионы цӕрджытӕй удӕгасӕй чи баззайа, Йерусалимы сахары чи аирвӕза ӕмӕ, цӕмӕй Йерусалимы цӕрой, уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ чиныджы фыст кӕмӕн ӕрцӕуой, уыдоны схондзысты уаз адӕм.


Ӕз загътон: «Мӕ фыртыл дӕ куыд банымайон? Бӕллиццаг бӕстӕ, адӕмты хуыздӕр исбон, дӕуӕн куыд раттон? Ӕз ӕнхъӕлдтон, схондзынӕ мӕ дӕ Фыд, гадзрахатӕй Мыл нӕ рацӕудзынӕ.


Мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм. Уыдон Мӕ адӕмы ’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы хыгъды фыст не ’рцӕудзысты ӕмӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый.


ӕмӕ йын загъта: «Ӕрзил сахарыл, Йерусалимыл, ӕмӕ, цы ’лгъаг митӕ дзы цӕуы, уыдоны тыххӕй чи дзыназы, уыцы хъынцъымгӕнӕг адӕмы ныхтыл сӕвӕр нысан».


Дӕлимонтыл уӕ бон кӕй цӕуы, ууыл ма цин кӕнут — уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл цин кӕнут».


Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Клемент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон дӕр мемӕ иумӕ тох кодтой Фарны Уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд.


Ӕмӕ йӕм бакувдзысты, дуне сфӕлдисыны размӕ нывондӕн нысангонд Чи ӕрцыд, уыцы Уӕрыкмӕ царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст кӕмӕн не сты, уыцы зӕххон цӕрджытӕ иууылдӕр.


Ӕмӕ царды чиныджы фыст кӕй ном нӕ уыди, уый ныппӕрстӕуыд судзгӕ цадмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan