Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 87:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕг. Корахы фыртты псалом. Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат леаннот»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Зарахы байзӕддаг Хеманы зондамонӕн псалом.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕг. Корахы фыртты псалом. Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат леаннот»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Зарахы байзӕддаг Хеманы зондамонӕн псалом.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 87:1
17 Iomraidhean Croise  

Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон аразын райдыдта Йерусалимы, Мориайы хохыл, кӕддӕр Дунедарӕг йӕ фыд Давидмӕ кӕм раргом ис, уым, йевусаг Орнаны мусуатыл. Орнан йевусӕгтӕй уыди.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕджы хӕдзармӕ цомут, зӕгъгӕ, куы фехъуыстон, уӕд ныццин кодтон.


Цагъартӕ се ’лдары къухмӕ куыд кӕсынц, унӕут — йе ’хсины къухмӕ, афтӕ махӕн дӕр нӕ каст Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, у, Йӕ хорзӕхмӕ Йын ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.


О Хуыцау, тӕрхонгӕнӕг мын фӕу, фыдзӕрдӕ адӕмимӕ быцӕуы мӕ фарсмӕ ’рбалӕуу, мӕнгард, ӕнӕраст адӕмӕй мӕ бахиз.


науӕд мӕ йӕ уӕлныхты сисдзӕн ӕмӕ мӕ аныхъуырдзӕн, мӕ сӕрмӕ сӕхгӕндзӕн йӕ ком.


Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы ацы адӕмы минӕвӕрттӕн? Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы, Сион сфидар кодта Дунедарӕг, ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.


уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Ме ’ргом раздахдзынӕн Сионмӕ, ӕрцӕрдзынӕн Йерусалимы, схондзысты йӕ рӕстдзинады сахар, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы хох та — уаз хох.


Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.


Уыцы уӕларвон хъӕлӕс мах фехъуыстам нӕхӕдӕг, сыгъдӕг хохыл Йемӕ куы уыдыстӕм, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan