Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 86:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Корахы фыртты псалом. Зарӕг. Дунедарӕг Йӕ сахарӕн уаз хохыл ӕрӕвӕрдта бындур.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Корахы фыртты псалом. Зарӕг. Дунедарӕг Йӕ сахарӕн уаз хохыл ӕрӕвӕрдта бындур.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 86:1
19 Iomraidhean Croise  

Давиды псалом. Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕн, мӕ зӕрдӕ, Йӕ уаз номӕн!


Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдон та Дунедарӕджы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты мыггагмӕ.


Давиды псалом. О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, ӕрдар Дӕ хъус мӕ лӕгъстӕмӕ, ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз: Ды иузӕрдыг ӕмӕ рӕстаг дӕ!


мӕрдтыбӕсты рӕхыстӕ мӕ ӕрбалхъывтой, мӕлӕты къӕппӕг мын мӕ развӕндаг ӕхгӕны.


Тӕхудиаг у, Дунедарӕг йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн нӕ банымайдзӕн, йӕ зӕрдӕйы мӕнгарддзинад кӕмӕн нӕй!


Талынг ӕмӕ бырынцъаг суӕд сӕ фӕндаг, Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд!


О Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Ӕркӕс нӕм ӕмӕ фехъус, Санхериб Дӕуӕн, цардӕгас Хуыцауӕн, цы фидистӕ кӕны, уый.


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Мӕ Хуыцау, фехъус мӕ! Ӕркӕс-ма, Дӕ ном чи хӕссы, уыцы сахары дуррӕдзӕгъдтӕм! Лӕгъстӕ дын кӕнӕм, нӕ рӕстадӕй ныфсджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ кӕй скӕндзынӕ, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.


Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.


«Мӕныл ис Дунедарӕджы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты, куырмытӕ кӕй ракӕсдзысты сӕ цӕстӕй, ӕфхӕрд адӕм сӕ хъизӕмарӕй кӕй фервӕздзысты ӕмӕ


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan