Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 84:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Байхъусон, Дунедарӕг Хуыцау цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый Йӕ иузӕрдион адӕмӕн сабыр цардӕй зӕрдӕ ӕвӕры. Ӕрмӕст ныууадзӕнт се ’нӕсӕрфат митӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Байхъусон, Дунедарӕг Хуыцау цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый Йӕ иузӕрдион адӕмӕн сабыр цардӕй зӕрдӕ ӕвӕры. Ӕрмӕст ныууадзӕнт се ’нӕсӕрфат митӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 84:9
16 Iomraidhean Croise  

Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».


Мӕнӕ Давиды фӕстаг ныхӕстӕ: «Дзуры Давид, Йессейы фырт, Хуыцау бӕрзонд кӕй систа, уыцы адӕймаг, Йаковы Хуыцауы байсӕрст, Израилы Сӕрхъуызой кӕй уарзы, уый.


О Дунедарӕг Хуыцау! Кӕй байсӕрстай, уымӕй Де ’ргом ма аздах! Дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн, иузӕрдыг ыл уӕвгӕйӕ, зӕрдӕ цы хӕрзтӕй бавӕрдтай, уыдонӕй йӕ ӕнӕхай ма фӕкӕн!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды зарӕг Дунедарӕгыл. Скодта йӕ, Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд.


Растадысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕрбамбырд сты иумӕ барджынтӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты ныхмӕ:


«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».


Бирӕтӕ дзурынц мӕнӕй: «Хуыцау ӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Бырухгӕд сахармӕ мӕ чи бакӕндзӕн? Чи мӕ акӕндзӕн Едомы онг?


Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.


Дунедарӕг у Паддзах, ӕмризӕджы ризӕнт адӕмтӕ! Уый ӕнцайы херувимтыл; уадз ӕмӕ ӕнкъуыса зӕхх!


Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,


Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут».


Куы ’рбацыдысты, уӕд федта Йессейы фырт Елиавы ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Бӕгуыдӕр, Дунедарӕджы раз лӕууы Йӕ байсӕрст!»


Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan