4 Нал мӕсты кодтай, Дӕ маст ӕрсабыр ис.
Йаковы Хуыцау! Ахӕм у, Дӕу чи агуры ӕмӕ Дӕ разы ӕрлӕууын кӕй фӕнды уыцы адӕмы хъысмӕт.
Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.
Мӕ уд, уӕдӕ цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ? Цӕуыл у дӕ сагъӕс? Дӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.
О мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ кувын, мӕ хъӕр Дӕм фехъуысӕд!
Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ӕрзоныг кӕнӕнт Дӕ разы, зарӕнт Дӕ кадӕн, Дӕ номы кадӕн зарӕнт!»
Бирӕ цӕрӕд! Савайӕ йын ласдзысты сыгъзӕрин, ӕдзух ын кувдзысты, ӕрвылбон ын арфӕ кӕндзысты.
Паддзахиуӕг кӕнӕд иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.
Уымӕн лӕууынц Хуыцауы бадӕны раз ӕмӕ Йын ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц Йӕ Кувӕндоны, ӕмӕ сӕ паддзахы бадӕны Бадӕг бакӕндзӕни Йӕ дӕлбазыр.