Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 80:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уынгӕджы сахат Мӕм сдзынӕзтай, ӕмӕ дӕ Ӕз фервӕзын кодтон, сау ӕврагъы хуылфӕй дын дзуапп радтон, Меривайы доны цур дӕ бафӕлвӕрдтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Уынгӕджы сахат Мӕм сдзынӕзтай, ӕмӕ дӕ Ӕз фервӕзын кодтон, сау ӕврагъы хуылфӕй дын дзуапп радтон, Меривайы доны цур дӕ бафӕлвӕрдтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 80:8
16 Iomraidhean Croise  

Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ. Мӕ зарӕг — Паддзахыл. Ме ’взаг — дӕсны фыссӕджы сис.


Зӕххы кӕронӕй Дӕм ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын. Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис — мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын.


Ӕнӕнымӕц фыййӕуттӕ Мын сафтид кодтой Мӕ сӕндон, бассӕстой Мын Мӕ исбон, Мӕ уарзон зӕхх Мын ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой, сафтид ис ӕмӕ кӕуы. Гӕныстонмӕ ӕрцыд ӕгас зӕхх, ӕмӕ уый нымады дӕр никӕмӕ у.


Хуыздӕр сӕнӕфсирау, ӕвзӕрст нӕмыгау дӕ ныссагътон, ды та Мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон, сӕнӕфсиры хъӕддаг тала!


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: хъӕды бӕлӕсты ’хсӕн сӕнӕфсир бӕласы зӕнг арты куыд басыгътон, афтӕ Йерусалимы цӕрджыты дӕр арты басудздзынӕн.


Уый сырӕзт ӕмӕ сси сӕнӕфсир бӕлас, уӕрӕхкъабуз ӕмӕ ныллӕг, йӕ къалиутӕ ӕртасыдысты цӕргӕсы ’рдӕм, йӕ уидӕгтӕ дӕр уыдысты цӕргӕсӕн йӕ базырты бын. Афтӕмӕй сӕнӕфсир бӕлас суагъта талатӕ ӕмӕ фӕйнӕрдӕм айтыгъта йӕ къалиутӕ.


Донбыл сагъд сӕнӕфсиры талайау — дӕ мад, донарӕхы фӕрцы — къабузджын, дыргъджын.


Нӕ фыдӕлтӕ йӕ райстой ӕмӕ йӕ Нуны фырт Йешуаимӕ бахастой, нӕ фыдӕлты цурӕй Хуыцау кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмы бӕстӕм. Ӕмӕ уым фӕци Давиды заманы онг.


Ливанӕй Мисрефот-Маимы онг хӕхбӕсты цӕрӕг ӕппӕт сидойнӕгты Ӕз Мӕхӕдӕг атӕрдзынӕн израилӕгты разӕй. Ды та зӕхх Израилӕн халӕппӕрстӕй байуар, куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan