Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 8:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи, Де знӕгтӕн Ды равдыстай Дӕ хъару, цӕмӕй фыдгултӕ базоной сӕ бон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи, Де знӕгтӕн Ды равдыстай Дӕ хъару, цӕмӕй фыдгултӕ базоной сӕ бон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 8:3
18 Iomraidhean Croise  

Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх.


Ау, Хуыцау арвӕй уӕлдӕр нӕу? Скӕс-ма стъалытӕм, куыд бӕрзонд сты, уымӕ!


Йӕ уӕларвӕфсӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй! Кӕй сӕрмӕ не скӕсы Йӕ рухс!


Мӕй дӕр ма, кӕс, Йӕ разы мынӕг куы у, стъалытӕ дӕр ӕнӕкъӕм куы не сты Йӕ разы!


Ма Йын рох кӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ стауын, адӕм кады зарджытӕ кӕуыл скодтой, уыдон.


цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст ис, уӕдмӕ. Дунедарӕг ӕй бафӕлвӕрдта Йӕ ныхасӕй.


Тыхджын уыдзӕни уымӕн зӕххыл йӕ хъӕстӕ, рӕстудты мыггаг арфӕгонд уыдзӕни.


Стаут Ӕй, хур ӕмӕ мӕй, стаут Ӕй, цӕхӕркалгӕ стъалытӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.


Дӕ масты тых Дын чи базыдта? Хуыцауы тас нӕм цас фылдӕр ис, уый бӕрц нӕм къаддӕр абухы Дӕ маст.


Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.


Кӕлӕнгӕнджытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцау сарӕзта». Фӕлӕ та фараон уӕддӕр нӕ басаст. Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ рауади.


Фӕлӕ кӕд Хуыцауы хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уӕм, бӕгуыдӕр, ӕрхӕццӕ ис Хуыцауы Паддзахад.


Ӕмӕ сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, Хуыцауы уыцы мыггагмӕйы тых ӕмӕ Йӕ ӕрдзыхъӕд дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ бӕлвырд сты, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд.


Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan