Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 79:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Денджызы онг айтыгъта йӕ къабӕзтӕ, Евфраты доны онг — йӕ талатӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Денджызы онг айтыгъта йӕ къабӕзтӕ, Евфраты доны онг — йӕ талатӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 79:12
13 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ын загъта: «Нӕ. Исчи дӕ куы амара, уӕд йӕ мыггагӕй авд ахӕмы фӕхъӕудзӕн». Ӕмӕ Дунедарӕг нысан ныууагъта Каиныл, цӕмӕй йыл чи амбӕла, уыдонӕй йӕ мачи амара.


Хъӕлдзӕгӕй, цины хъӕртимӕ сӕ фӕхонынц, Паддзахы галуанмӕ фӕхизынц.


Ӕз та мыггагмӕ кад кӕндзынӕн ӕмӕ стаудзынӕн Йаковы Хуыцауы.


Фӕлӕ йӕ куы ’рцахсынц, уӕд, цы адавта, уый авд ахӕмӕй бафиды, йӕ хӕдзары исбон иууылдӕр лӕвӕрд ӕрцӕуы.


Дӕ хорзӕхтӕ мингай адӕмӕн раттыс, ныййарджыты тӕригъӕдтӕ бафидын кӕныс сӕ цотӕн. О хъомысджын стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг!


Ӕмӕ базондзынӕ, Ӕз, Дунедарӕг, кӕй фехъуыстон, ды Израилы хӕхтӕн куыд фидис кодтай, ныггӕныстон сты ӕмӕ нӕ амӕттаг баисты, зӕгъгӕ, уый.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз Мӕ къух хӕрдмӕ систон ӕмӕ расомы кодтон, уӕ алфамбылай адӕмтӕн сӕ хынджылӕг сӕхи ныхмӕ кӕй фӕуыдзӕн, уый тыххӕй.


Кӕд ма уый фӕстӕ дӕр Мӕ ныхмӕ рацӕуат ӕмӕ Мӕм нӕ хъусат, уӕд уӕ авд хатты тынгдӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут — уӕ фӕччийы уын ӕркалдӕуыдзӕн раст, хӕрзнад ӕмӕ йедзаг барӕнӕй — цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan