Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 78:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Мах та — Дӕ адӕм, Дӕ фысты дзуг — кад Дын кӕндзыстӕм ӕнустӕм, стаудзыстӕм Дӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Мах та — Дӕ адӕм, Дӕ фысты дзуг — кад Дын кӕндзыстӕм ӕнустӕм, стаудзыстӕм Дӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 78:13
15 Iomraidhean Croise  

Адӕймаг аууонау хилы, дзӕгъӕлы у йӕ тухӕн, ӕмбырд кӕны, фӕлӕ кӕмӕн, уый нӕ зоны.


О Хуыцау, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!


Моисей йӕ къухӕй денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ Дунедарӕг денджызыл скӕсӕйнаг уаддымгӕ рауагъта. Денджыз дыууӕ дихӕй фӕйнӕрдӕм акалд, ӕмӕ йӕ сур бын разынди.


Израилӕгтӕ сурыл сӕ фӕндаг дардтой. Дон сисау цӕхгӕр лӕууыди сӕ рахизфарс дӕр ӕмӕ сӕ галиуфарс дӕр.


Ныр израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау. Сӕ рахизфарс уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис, сӕ галиуфарс дӕр уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис.


Дӕ раулӕфтӕй хӕрдмӕ фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ, хъен слӕууыдысты сисау, сурзӕхх фестади хуыдым.


фӕндагыл ӕй Йӕ хъомысджын базыры бын Чи бакодта, йӕ разӕй йын денджызы дӕттӕ фӕйнӕрдӕм Чи фӕцӕуын кодта ӕмӕ уымӕй Йӕхицӕн мыггагмӕ ном Чи скодта, Уый?


Денджызы бынты акодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ сӕ къах дӕр никуы скъуырдтой, раст цыма бӕх тыгъд быдыры фӕцӕйцыд, уый хуызӕн.


Дӕ бӕхтыл айгӕрстай Ды денджызы фӕндаг, йӕ уылӕнтӕ йын сызмӕстай.


Дунедарӕджы, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕн сӕ къӕхтӕ куыддӕр доныл андзӕвой, афтӕ Иорданы дон айсысдзӕн. Йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕудзӕн, къуламады хуызӕн слӕудзӕн».


афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan