Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 78:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 О Дунедарӕг, нӕ сыхӕгтӕ Дын цы фидистӕ фӕкодтой, уыдон сӕм авд ахӕмӕй раздах!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 О Дунедарӕг, нӕ сыхӕгтӕ Дын цы фидистӕ фӕкодтой, уыдон сӕм авд ахӕмӕй раздах!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 78:12
15 Iomraidhean Croise  

Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм.


Израилӕгтӕ сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, раз тӕригъӕды цӕуын байдыдтой. Кӕддӕр сӕ Уый ракодта Мысыры зӕххӕй, суӕгъд сӕ кодта фараоны ӕфсондзы бынӕй. Фӕлӕ адон фӕзмын райдыдтой, кӕддӕр сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕгъдӕуттӕ, стӕй Израилы паддзӕхты ӕнаккаг митӕ.


ӕмӕ Ды ӕмбисондӕн хӕссыны ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыстай фараоны, йе ’ппӕт цагъарты ӕмӕ йӕ бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы раз, уымӕн ӕмӕ Ды зыдтай, сӕ къӕхты бын нӕ куыд кодтой, уый, ӕмӕ уымӕй Дӕхицӕн ном скодтай абоны онг.


Ӕрхӕссӕнт Ын арфӕйы нывӕндтӕ, цинӕй райгӕйӕ Йын ӕппӕлӕнт Йӕ хъуыддӕгтӕй!


мӕй ӕмӕ стъалытӕ — ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Фӕлӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды фараонӕн Хуыцау уыдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон та дӕ пехуымпар уыдзӕни.


Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Фараоны куырыхонтӕ, йӕ уынаффӕйы лӕгтӕ, ӕдылы уынаффӕтӕ кӕнынц. Чи ма уӕ бауӕнддзӕн фараонӕн йӕхи рагон куырыхон паддзӕхты байзӕддаг схонын?


Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Сӕхи сайынц Нофы барджынтӕ дӕр. Сӕ хистӕрты зондӕй Мысыры адӕм рӕдыд фӕндагыл адзӕгъӕл сты.


Патросы зӕхх хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, Цоаны сахарыл арт бандзардзынӕн, Нойы сахарӕн стӕрхон кӕндзынӕн.


Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг.


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


Дунедарӕг нӕ цӕстыты раз равдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, Мысыры бӕстӕ, фараон ӕмӕ йын йе ’ппӕт хӕдзаронты чи бабын кодта, уыдон;


Хиввӕгтӕ йын загътой: «Тынг дард бӕстӕй ӕрбацыдысты дӕ цагъартӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кой, Мысыры цыдӕриддӕр бакодта,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan