Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 77:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

19 Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 77:19
13 Iomraidhean Croise  

Ныррызт ӕмӕ нынкъуысти зӕхх, хӕхтӕ фенкъуыстысты сӕ бындурӕй, ризӕг сыл бахӕцыд Йӕ азарӕй.


Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.


Рахӕсдзӕн мын ӕмбӕлгӕ тӕрхон — ахӕмтӕй Йе ’вӕрӕнтӕ дзаг сты.


Чи бамбардзӕн, мигътӕ куыд тӕхынц, уый, ӕрвнӕрды гыбар-гыбур — Йӕ цатыры?


Ныууарыд сыл къӕвдайы бӕсты их, пиллон арт сӕ зӕххыл ацыди.


«Цы пайда ис мӕ мӕлӕтӕй, ингӕнмӕ кӕй бацӕудзынӕн, уымӕй? Зӕххы рыг Дын скад кӕндзӕни? Дӕ иузӕрдионы кой ракӕндзӕни?


Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.


Цинӕй райут Дунедарӕгыл, ӕгас зӕххы цӕрджытӕ! Цинхъӕр кӕнут, хъӕлдзӕг ут ӕмӕ зарут!


Дон йӕ бынат ссардта ӕмӕ фараоны ӕфсад — уӕрдонӕй, бӕхджынӕй — иууылдӕр аныхъуырдта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзти.


Синайы хох фӕздӕджы бын фӕци, уымӕн ӕмӕ йын йӕ сӕрмӕ артау Йӕхи ӕруагъта Дунедарӕг. Пецау фӕздӕг калдта хох ӕмӕ-иу сӕнкъуысти.


Дӕ бӕхтыл айгӕрстай Ды денджызы фӕндаг, йӕ уылӕнтӕ йын сызмӕстай.


Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan