Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 76:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ау, Дунедарӕг мыл мыггагмӕ атигъ кодта Йӕхи, Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ никуыуал скӕндзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Ау, Дунедарӕг мыл мыггагмӕ атигъ кодта Йӕхи, Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ никуыуал скӕндзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 76:8
16 Iomraidhean Croise  

«Цӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут, ацы чиныджы цы фыст ис, уымӕй. Бафӕрсут Ӕй мӕн тыххӕй, нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ нӕм мӕстӕй судзы, нӕ фыдӕлтӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕм сӕ хъус кӕй нӕ дардтой, кӕй сӕ не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй».


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр у, ӕппӕлыны аккаг у Уый, ӕппӕт хуыцӕуттӕй — тӕссагдӕр.


Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз ӕмризӕджы нырризӕд! Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар, нӕ фенкъуысдзӕн.


Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау!


«Уымӕ ис уӕлдӕр хицаудзинад, ӕмӕ Дзы куыннӕ тарстӕуа? Уый ӕвӕры дунейы уаг Йӕ бӕрзӕндӕй!


Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.


уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх адӕммӕ. Абон ӕмӕ сӕ райсом ссыгъдӕг кӕн Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ, ныхсӕнт сӕ дарӕстӕ дӕр,


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»


Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!


Дунедарӕг та цӕры Йӕ уаз Кувӕндоны. Ӕгас зӕхх Йӕ разы ныхъхъус уӕд!


Дунедарӕджы раз ныхъхъус у, адӕймаг! Уый рацӕуы Йӕ уаз цӕрӕнӕй!»


Уӕларвӕй тохы бацыдысты стъалытӕ, сӕ бынӕттӕй Сисераимӕ стох кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan