Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 75:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 75:8
15 Iomraidhean Croise  

цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт, Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.


«Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Зӕххы кӕронӕй Дӕм ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын. Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис — мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын.


Хуыцау! Кӕдмӕ хынджылӕг кӕндзӕн знаг? Ӕнусмӕ фаудзӕни ныхмӕлӕууӕг Дӕ ном?


Сӕн нуазыныл чи бафтыд, алы хъацӕнтӕ цы сӕныл конд ис, ахӕм сӕны фӕдыл чи зилы, уыдонӕн.


Додой сӕ къона, йе ’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у, йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.


Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бадар.


Ӕз Дунедарӕджы къухӕй кӕхц райстон ӕмӕ, цы адӕмтӕм мӕ арвыста, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бануазын кодтон:


Йӕ тӕккӕ бынтӕм ӕй бануаздзынӕ, стӕй йӕ базгъӕлӕнтӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ риутӕ ныттондзынӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.


Дунедарӕг смӕгуыр кӕны ӕмӕ сбонджын кӕны, ӕрныллӕг кӕны ӕмӕ сбӕрзонд кӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan