Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 75:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уыцы ран фыдгултӕн ныссаста сӕ зынг фӕттӕ, сӕ уартытӕ ӕмӕ сӕ кӕрдтӕ, тохы хӕцӕнгӕрзтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Уыцы ран фыдгултӕн ныссаста сӕ зынг фӕттӕ, сӕ уартытӕ ӕмӕ сӕ кӕрдтӕ, тохы хӕцӕнгӕрзтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 75:4
12 Iomraidhean Croise  

Уый Йӕ адӕмӕн радта уӕлахиз, скадджын кодта Йе ’ппӕт сыгъдӕджыты — Израилы байзӕддаджы, ӕввахс Ӕм чи у, уыцы адӕмы. Алелуйа!


Арф цъымарайы ныссагъдтӕн, ӕмӕ дзы цӕуыл ӕрлӕууон, уый нӕй. Хуыдымы бахаудтӕн, ӕмӕ мӕ тагъд аныхъуырдзӕн.


Нӕ Дунедарӕг Хуыцауы хорзӕх нӕ уӕд! Нӕ къухтӕ нын фӕфидар кӕн нӕ алы хъуыддаджы, хъару ратт нӕ цӕнгты фӕллойӕн!


фӕлварӕн бон Меривайы, ӕдзӕрӕг быдыры, Массӕйы, куыд уыдыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут.


Зарут Дунедарӕгӕн дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ, Зарут хъӕрӕй дыууадӕстӕнонты зӕлтимӕ!


«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?


Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!


Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»


Ӕз бафарстон: «Адон та цы кусынмӕ фӕцӕуынц?» Уый мын дзуапп радта: «Уыцы сыкъатӕ Иудейы цӕрджыты алырдӕмты ныххӕлиу кодтой, ӕмӕ дзы йӕ сӕр сисын дӕр ничиуал уӕнды. Адон та сӕм цӕуынц фӕтӕрсын кӕнынмӕ, Иудӕйы ныхмӕ сӕ сыкъа цы адӕмтӕ систой, уыдонӕн сӕ сыкъатӕ ныссӕттынмӕ».


Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan