Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 73:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕрымыс, незаманты кӕй равзӕрстай, кӕй балхӕдтай, ӕнустӕм Дӕ исбон кӕй скодтай, уыцы адӕмы, стӕй Сион — кӕм ӕрбынат кодтай, уыцы хох!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Ӕрымыс, незаманты кӕй равзӕрстай, кӕй балхӕдтай, ӕнустӕм Дӕ исбон кӕй скодтай, уыцы адӕмы, стӕй Сион — кӕм ӕрбынат кодтай, уыцы хох!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 73:2
15 Iomraidhean Croise  

Афтӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул! Мӕ зӕрды уыди Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, номыл хӕдзар саразын.


Амондджын чи у — ӕнамонддзинадыл худы, йӕ къӕхтыл фидар чи нӕ лӕууы, уыдонӕн цӕттӕгонд у, зӕгъгӕ.


Ау, адӕймагмӕ у мӕ хъаст? Ӕви мӕсты кӕнын ӕнӕ исты ’фсонӕй?


Суагъта Йӕ фӕттӕ ӕмӕ ныххӕлиу кодта фыдгулты, арвӕрттывдӕй сӕ лидзӕг фӕкодта.


Ӕрбалвӕстой мӕ мӕлӕты рӕхыстӕ, ныккалдысты мыл фыдӕхы гуылфӕнтӕ,


Фӕкалдысты фыдгӕнджытӕ: афӕлдӕхтой сӕ — нал сын бантысдзӕни сыстын.


Фӕлитойты бабын кӕндзынӕ Ды, марӕг ӕмӕ мӕнгардыл Дунедарӕг ӕлгъ кӕны.


Иу къахдзӕф ма мӕ хъӕуы, ӕмӕ ’ппӕт адӕмы раз фӕхудинаг уыдзынӕн“.


Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».


Мӕн дӕр Дунедарӕг бахизӕд, сымах тыххӕй куынӕуал кувон, уыцы тӕригъӕдӕй! Ӕдзух уын кувдзынӕн ӕмӕ уӕ араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл.


Иузӕрдионты фӕндаг Йӕ фӕдзӕхст у, фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты тары, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн йӕхи хъомыс ницы у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan