Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 73:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дӕ бар цӕуы бон ӕмӕ ӕхсӕвыл; хур ӕмӕ мӕй Ды сфӕлдыстай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Дӕ бар цӕуы бон ӕмӕ ӕхсӕвыл; хур ӕмӕ мӕй Ды сфӕлдыстай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 73:16
10 Iomraidhean Croise  

сӕуӕхсидау сӕрттивдзӕни дӕ рӕстад, бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ скалдзӕни дӕ рӕстдзинад.


Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?


Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?


Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.


Фӕлӕ мӕ ноджы, зонд ӕдылыдзинад ӕмӕ ӕррадзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый бӕлвырд базонын бафӕндыд. Ӕмӕ бамбӕрстон, уый дӕр та, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай кӕй нӕу.


Ӕз федтон Хуыцауы хъуыддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ загътон: адӕймаг, зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ никуы бамбардзӕн, цыфӕнды куырыхон куы уа, уӕд дӕр. Алцы зонын, зӕгъгӕ, куы дзура, уӕддӕр уымӕн афтӕ уӕвӕн нӕй.


Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan