6 Къӕвдайау, тыгъдызӕйау ӕрцӕуӕд зӕхмӕ;
Давиды псалом. О Дунедарӕг, тӕрхон мын чи кӕны, уыдонӕн стӕрхон кӕн; мемӕ чи хӕцы, уыдонимӕ рахӕц!
Куы ’руатон уа, уӕд ын Дунедарӕг хъару ратдзӕни, рынчыны уат ӕнӕниз цардӕй раивдзӕни.
мӕнгарддзинад ӕмӕ тыхмийӕ сӕ бахиздзӕн, зын ын уыдзӕни се сӕфтмӕ кӕсын.
Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.
Ӕрбайхъусут мӕм, денджызгӕрон сахартӕ, лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, дардбӕстаг адӕмтӕ! Дунедарӕг мӕм фӕсидти мӕ мады гуыбынмӕ, дунейы рухс нӕма федтон, афтӕ мӕм сдзырдта мӕ номӕй.
Ныр мын, мӕ мады гуыбыны мӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ мӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕг Чи скодта, уыцы Дунедарӕг фӕдзӕхсы, цӕмӕй Йӕм раздахон Йаковы байзӕддаджы, ӕрбакӕнон Ӕм Израилы адӕмы. Ӕз кадджын дӕн Дунедарӕджы цӕсты. Мӕ Хуыцау мӕ скодта хъомысджын.
«Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон».
Ныр та Мӕм дзурыс: «О мӕ Фыд, ме ’взонджы бонты Зондамонӕг!
Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд
Иудадзыг ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй бузныг ут Фыд Хуыцауӕй.