Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 71:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Арфӕгонд у Дунедарӕг Хуыцау, Израилы Хуыцау! Ӕрмӕстдӕр Уый аразы диссӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

18 Арфӕгонд у Дунедарӕг Хуыцау, Израилы Хуыцау! Ӕрмӕстдӕр Уый аразы диссӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 71:18
16 Iomraidhean Croise  

Исаак базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй хорз нал уыдта. Иуахӕмы фӕдзырдта йӕ хистӕр фырт Исавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ лӕппу!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн».


Ахӕм у, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уыдоны хъысмӕт, стӕй, сӕ фӕдыл цӕуын чи уарзы, уыдоны кӕрон.


Ӕдзӕрӕг быдыры сырдтӕ ӕрзоныг уӕнт йӕ разы, йе знӕгтӕ рыг сдӕрӕнт.


Нӕ сыхӕгтӕн фидиссаг фестӕм, сӕхи ныл худӕгӕй хӕссынц, фидистӕ нын кӕнынц.


Дӕ азары хай бакӕн, Дӕу чи нӕ зоны, уыцы адӕмты, Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы паддзахӕдтӕ.


Уыцы бон-иу уӕ фырттӕн зӕгъут: „Дунедарӕг нӕ Мысырӕй куы ракодта, уӕд нын цы хӕрзты бацыд, уый кадӕн ӕххӕст кӕнӕм ацы уагӕвӕрд“.


Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр Ӕз уыцы Хуыцау уыдзынӕн, уӕ сӕрыхил куы сурс уа, уӕд дӕр уыл Ӕз ауддзынӕн. Ӕз уӕ сфӕлдыстон, ӕмӕ уыл Ӕз Мӕ арм дардзынӕн, ауддзынӕн уыл ӕмӕ уӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй.


Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.


Махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?


Фӕлӕ Хуыцау цы снысан кодта, уый Давид йӕ заманы куы сарӕзта, уӕд амард, йӕ фыдӕлтимӕ ныгӕд ӕрцыд ӕмӕ бамбыди.


Елиайыл ӕстдӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы цыди, йӕ цӕсты рухс бамынӕг ӕмӕ ницыуал уыдта.


Фидыды Чырыны коймӕ Елиа йӕ бандонӕй кулдуары цур уӕлгоммӕ ахауди. Уыйадыл уӕззау зӕронд лӕгӕн йӕ бӕрзӕй асаст ӕмӕ амарди. Израилӕн дыууиссӕдз азы дӕргъы сӕ фӕтӕг уыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan