Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 71:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Бакувӕнт ын ӕппӕт паддзӕхтӕ, лӕггад ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Бакувӕнт ын ӕппӕт паддзӕхтӕ, лӕггад ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 71:11
13 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, мӕнӕ куыд бирӕ сты ме знӕгтӕ! Бирӕтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ!


О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн, ӕмӕ мӕ бахиз, мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ фервӕзын кӕн!


Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Фараст сахатмӕ ӕввахс Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»


Иннӕтӕ та дзырдтой: «Фӕлӕуу-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ Йӕ фервӕзын кӕнид».


Саулӕн фехъусын кодтой, Давид Кеиламӕ кӕй ӕрцыд, уый. Ӕмӕ Саул загъта: «Хуыцау мын ӕй мӕ къухтӕм радта. Къӕппӕджы бахауд ӕмӕ, кулдуар ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ цы сахарӕн ис, уымӕй йын раирвӕзӕн нал ис».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan