Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 О Дунедарӕг, Дӕ масты цӕхӕртӕ скал! Ме знӕт фыдгулты ныхмӕ ралӕуу! Ӕркӕс мӕм ӕмӕ рахӕц мӕ сӕрыл, цы тӕрхон рахастай, уый сӕххӕст кӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 О Дунедарӕг, Дӕ масты цӕхӕртӕ скал! Ме знӕт фыдгулты ныхмӕ ралӕуу! Ӕркӕс мӕм ӕмӕ рахӕц мӕ сӕрыл, цы тӕрхон рахастай, уый сӕххӕст кӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 7:7
13 Iomraidhean Croise  

Ды алцы куыд зоныс, уый мӕ ӕфтауы стыр дисы, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.


Кӕсыс: куырыхонтӕ дӕр мӕлынц, ӕдылытӕ куыд мӕлынц, афтӕ, сӕ мулк та баззайы кӕмӕндӕр.


Дӕ адӕмӕн бавзарын кодтай фыдбылызтӕ, сӕрзилӕн сӕн нын бадардтай.


Сӕ ныхӕстӕ — къӕйных, сӕ фыдракӕндтӕй ӕппӕлынц.


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.


Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan