Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 7:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 уӕд фыдгул мӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд, раййафӕд мӕ, сыджыты бын мӕ фӕкӕнӕд, мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 уӕд фыдгул мӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд, раййафӕд мӕ, сыджыты бын мӕ фӕкӕнӕд, мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 7:6
21 Iomraidhean Croise  

Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа.


Дарӕсау ӕй ӕрӕмбӕрзтай дӕттӕй ӕмӕ уыдон хӕхтӕй фӕуӕлдӕр сты.


цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.


Кӕдӕм у мӕ бон ацӕуын Дӕ Удӕй, Дӕ цӕстӕнгасӕй бамбӕхсӕн кӕм ис?


О Дунедарӕг, цы у адӕймаг, ӕмӕ йыл Ды аудай? Цы у лӕджы фырт, ӕмӕ йыл Ды бамӕт кӕнай?


Нӕ тӕрсын, чи мыл ӕртыхсти, уыцы адӕмы ӕрдонгтӕй.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды конд.


Дӕ адӕмӕн бавзарын кодтай фыдбылызтӕ, сӕрзилӕн сӕн нын бадардтай.


Ӕрымыс Дӕ фидыд! Зӕххыл алы тар къуым дӕр байдзаг ис тыхмийӕ.


«Афон куы ралӕууа, уӕд Ӕз раст тӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Хуыцау, —


Дунедарӕг райдыдта тӕрхон кӕнын, адӕмтӕн тӕрхон кӕнынмӕ сыстади.


Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр Ӕз растдзынӕн, слӕудзынӕн ӕмӕ Ме ’ппӕт хъомыс раргом кӕндзынӕн.


Ды нӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕн Ассирийы паддзахӕй. Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».


Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan