Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 7:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Науӕд мӕ акъабӕзтӕ кӕндзысты домбайау, ӕмӕ мын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Науӕд мӕ акъабӕзтӕ кӕндзысты домбайау, ӕмӕ мын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 7:3
14 Iomraidhean Croise  

дӕ тӕригъӕдтӕй куы фервӕзай, дӕ цатырты аипджынӕй куы ницыуал ныууадзай,


О Хуыцау! Хъоды ныл бакодтай, ныццагътай нӕ, смӕсты нӕм дӕ, фӕлӕ та нӕ Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн.


«Хуыцӕутты Хуыцау — Дунедарӕг! Хуыцӕутты Хуыцау — Дунедарӕг! Уый йӕ зоны, ӕмӕ йӕ Израилы адӕм дӕр зонӕнт! Кӕд мах Дунедарӕджы ныхмӕ рацыдыстӕм, стырзӕрдӕ Йыл кӕнӕм, уӕд нӕ тӕккӕ абон Дунедарӕджы фыдӕх баййафӕд!


Уӕдӕ дӕ цагъарӕн уыцы хорзы бацу, уымӕн ӕмӕ дзы Дунедарӕджы раз ӕрдхорд загътай. Кӕд исты азымджын дӕн, уӕд та мӕ дӕхӕдӕг амар. Цӕмӕн ма мӕ хъӕуы дӕ фыдмӕ кӕнын?»


Саул ӕй бафарста: «Йессейы фыртимӕ мыл сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Ды йын дзул ӕмӕ кард радтай ӕмӕ йын цы кӕнгӕ у, уымӕй Хуыцауы бафарстай, цӕмӕй мӕ ныхмӕ рацӕуа ӕмӕ мын абон знаггад кӕна».


Мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Куыд ничи мын фехъусын кодта, мӕ фырт ӕмӕ Йессейы фырт кӕрӕдзийӕ ӕрдхӕрдтӕ загътой, уый? Уӕ иу дӕр мын нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ нӕ радзырдта, мӕ фырт мӕ цагъары мӕ ныхмӕ кӕй сардыдта, цӕмӕй мын абон знаггад кӕна».


Абон дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг дӕ лӕгӕты мӕ къухтӕм куыд лӕвӕрдта, уый. Дзырдтой мын, амар ӕй, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ загътон: „Мӕ паддзахмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы байсӕрст у“.


Уӕд Давид дӕр лӕгӕтӕй рацыди ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Паддзах, мӕ бардарӕг!» Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Давид йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan