Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 7:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны бафхӕрынӕн рацӕгъды Йӕ кард, Йе ’рдынбос айвазы ӕмӕ сӕм ныхъхъавы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны бафхӕрынӕн рацӕгъды Йӕ кард, Йе ’рдынбос айвазы ӕмӕ сӕм ныхъхъавы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 7:13
17 Iomraidhean Croise  

Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау.


Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ раст адӕймаг нал ис! Адӕмы ’хсӕн никӕуылуал ис ӕууӕнк.


Дӕ карз хъуыддӕгтӕн адӕм сӕ хъомысы кой кӕндзысты, ӕмӕ ӕз Де стырадыл дзурдзынӕн.


Барвӕндӕй кӕй ракӕнӕн ис, уыдонӕй дӕр бахиз Дӕ цагъары, цӕмӕй мыл ма фӕуӕлахиз уой. Уӕд ӕз баззайдзынӕн сыгъдӕгӕй, стыр тӕригъӕд мӕхимӕ нӕ райсдзынӕн.


Мӕнӕ ис уыцы цӕугӕдон, йӕ къабузтӕй Хуыцауы сахар кӕмӕн райы — Бӕрзӕндтыл Бадӕджы уаз цӕрӕн.


Ды адӕймагӕн хъусыс йӕ куывд, Дӕу агуры алчи.


Дӕ хъаруйы фӕрцы ӕрӕвӕрдтай хӕхтӕ, хъомысӕй сфӕлыстай Дӕхи.


Йӕ фат нылвӕста Дунедарӕг знагау ӕмӕ Йӕ кардӕй бабын кодта ӕппӕт дӕр, — цыдӕриддӕр у цӕстытӕн ӕхцон! Сионы Чызджы хӕдзӕрттыл йӕ маст ныккалдта пиллон артау!


Де ’рттиваг тӕхгӕ фатты, Де ’рцыты — цӕхӕркалгӕ арвӕрттывдты раз хур ӕмӕ мӕй бандзыг сты уӕлӕрвты.


Ды рацыдтӕ Дӕ адӕмы, Дӕ байсӕрст паддзахы фервӕзын кӕнынмӕ. Фыдгӕнджытӕн сӕ балхоны ныммардтай, йӕ хӕдзар ын йӕ бындуры онг ныппырх кодтай.


Ӕз сыл Мӕ фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, Мӕ фӕттӕ сыл схардз кӕндзынӕн.


Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон, уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн, Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн.


Мӕ фӕттӕ срасыг уыдзысты тугӕй, Уацайрӕгтӕ ӕмӕ мӕрдты фыдӕй, сӕ тугӕй бафсӕддзӕн мӕ кард, йӕ балхонты сӕртӕ сын анымайдзӕн!


Хуыцау у рӕстаг, ӕмӕ фыдбылызтӕ кӕй аххосӕй ӕвзарут, уыдоныл ӕруадздзӕнис бӕллӕхтӕ.


Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».


Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan