Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 7:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Хуыцау у раст тӕрхонгӕнӕг, ӕрвылбон карзӕй дзуапп Чи домы, Уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Хуыцау у раст тӕрхонгӕнӕг, ӕрвылбон карзӕй дзуапп Чи домы, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 7:12
15 Iomraidhean Croise  

Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»


Фӕлӕ Ды хатыргӕнаг дӕ — уадз ӕмӕ Дын аргъуыц кӕной.


О Дунедарӕг, Ды мӕ ныфс Дӕ, Дӕ лӕггадгӕнӕджы зӕрдӕ барухс кӕн!


Уымӕн ӕмӕ мын Ды мӕ хъаст равзӕрстай. Дӕ къӕлӕтджыны ӕрбадгӕйӕ, Ды раст тӕрхон рахастай, о раст Тӕрхонгӕнӕг!


Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.


Уӕлӕрвты кардӕлвӕстӕй лӕууы Дунедарӕг, тӕрхон кӕнынмӕ ӕрхиздзӕн Едоммӕ, Йӕ азары амӕттаг бакӕнинаг кӕй у, уыцы адӕммӕ.


Уымӕ гӕсгӕ, Израилы адӕм, Ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууы, уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ ныууадзут уӕ раздӕры ӕппӕт тӕригъӕдтӕ, цӕмӕй уыдоны тыххӕй ма фесӕфат.


Иузӕрдион ыл кӕй уыдзысты, уый тыххӕй йын ард чи бахордта, уыцы адӕм ацы дӕсныфӕрсӕн схондзысты мӕнг. Фӕлӕ сын Вавилоны паддзах ӕрымысдзӕн сӕ ард ӕмӕ сын сӕ сахар байсыныл ныллӕудзӕн.


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.


Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон, уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн, Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan