Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 68:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 О Хуыцау, Ды зоныс ме ’нӕзонд митӕ, мӕ тӕригъӕдтӕ ӕмбӕхст не сты Дӕуӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 О Хуыцау, Ды зоныс ме ’нӕзонд митӕ, мӕ тӕригъӕдтӕ ӕмбӕхст не сты Дӕуӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 68:6
18 Iomraidhean Croise  

Моав — Мӕ хихсӕн тас. Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл, уӕлахизы хъӕр ныккӕндзынӕн Филистимы сӕрмӕ!»


Хуыцауы фӕрцы фӕтых уыдзыстӕм не знӕгтыл, фӕуӕлахиз сыл уыдзӕн Уый.


Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ, фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн, Дӕ хорзӕхы, Дӕ ӕцӕгады сӕраппонд!


Дунедарӕгӕн кады зарӕг сисут, хъисфӕндыртимӕ азарут нӕ Хуыцауӕн.


уымӕн ӕмӕ сӕ Фарсхӕцӕг тыхджын у, ӕмӕ дӕ ныхмӕ рацӕудзӕн сӕ хъасты.


Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.


Науӕд ӕй Ӕз, йӕ райгуырды бон куыд уыди, афтӕ мадард бӕгънӕг скӕндзынӕн ӕмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, доны ’ртах ӕм нал ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дойныйӕ мӕлдзӕни.


Исав та мын ӕнӕуынон сси. Йӕ хӕхтӕй йын ӕдзӕрӕг быдыр сарӕзтон, йӕ зӕххыл ын хъӕддаг куыйты ӕрцӕрын кодтон.


Ӕваст зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындурӕй нызмӕлыд. Уайсахат байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты.


Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый! Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уый! Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот уыдзӕни моймӕдзыдӕй».


Уый хъахъхъӕны сидзӕр ӕмӕ идӕдзы бартӕ; уарзы ӕрцӕуӕггаджы ӕмӕ йын къӕбӕр ӕмӕ дарӕс дӕтты.


Ӕфсӕст чи уыди — къӕбӕрыл кусынц, ӕххормаг чи уыди — уыцы сӕр сӕ нал хъӕуы. Ӕнӕзӕнӕг ныййардта авд хъӕбулы, бирӕзӕнӕгджын та иунӕгӕй ’руайы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan