Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 68:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Царды чиныгӕй сын ахахх кӕн сӕ нӕмттӕ, рӕстгӕнджыты хыгъдмӕ сӕ куыннӕ бахӕссой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

29 Царды чиныгӕй сын ахахх кӕн сӕ нӕмттӕ, рӕстгӕнджыты хыгъдмӕ сӕ куыннӕ бахӕссой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 68:29
18 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты, тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ балӕвар кодта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта.


Ис ма мӕм мӕхи сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр, ӕмӕ мӕ Хуыцауы хӕдзар кӕй уарзын, уый тыххӕй сӕ дӕттын, ацы сыгъдӕг хӕдзарӕн цы ӕрцӕттӕ кодтон, ӕппӕт уыдӕтты уӕле:


Ӕмӕ бирӕтӕ Йерусалиммӕ Дунедарӕгӕн хастой хуынтӕ, иудейаг паддзах Езекиайӕн та — зынаргъ лӕвӕрттӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмты ’хсӕн тынг скадджын ис.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды байзӕддӕгты уӕлмӕрды цур, уӕлӕуӕз ран. Йӕ мард ын скадджын кодтой ӕппӕт иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Менассиа.


Стӕй мын ныффыссӕд паддзахы хъӕдгӕс Асафмӕ, цӕмӕй мын хъӕдӕрмӕг радта Хуыцауы хӕдзары гӕнах, сахары къултӕ ӕмӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзары кулдуӕртты фаг». Ныффыста мын паддзах гӕххӕтт, уымӕн ӕмӕ мыл Хуыцау йӕ хӕрзаудӕг арм дардта.


Дунедарӕг Хуыцау немӕ ис, Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.


Ӕз загътон: «Мӕ бӕллӕх уый у, ӕмӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕджы къух раздӕры хуызӕн нал у».


Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты кӕй айгӕрстой, уыцы зӕххӕй схӕсдзысты хуынтӕ дӕргъӕлвӕс ӕмӕ коса адӕм, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у. Схӕсдзысты сӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном цы бынат хӕссы, уырдӕм, Сионы хохмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan