Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 68:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Уымӕн ӕмӕ, Ды кӕй ӕрцавтай, уыдонӕн сӕ фӕдыл зилынц, кӕй барӕхуыстай, уыдоны хъизӕмарыл цинӕй райынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 Уымӕн ӕмӕ, Ды кӕй ӕрцавтай, уыдонӕн сӕ фӕдыл зилынц, кӕй барӕхуыстай, уыдоны хъизӕмарыл цинӕй райынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 68:27
17 Iomraidhean Croise  

Дыууадӕс ӕфсымӕрӕй стӕм иу фыды фырттӕ. Нӕ иу ӕфсымӕр нал ис, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззади Ханааны зӕххыл“.


Афтӕ загъта Авнер Бениамины байзӕддӕгтӕн дӕр. Уый фӕстӕ араст ис Хевронмӕ, Израил ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы фӕндон Давидӕн радзурынмӕ.


Бениамины ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕй Давиды фидармӕ ӕрцыдис иу къорд лӕджы.


Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, Саулы ӕрвадӕлтӕй, ӕрцыд ӕртӕ мины. Уӕды онг адонӕн сӕ фылдӕр Саулы хӕдзары фарсхӕцджытӕ уыдысты.


Давид ӕппӕт Израилы адӕммӕ дӕр фӕсидт Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахӕссой, цы бынат ын равзӕрста, уырдӕм.


Фарӕстӕм мӕйы къорды хицау — анатотаг Авиезер, Бениамины мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.


Ме знӕгты амӕттаг мӕ ма фӕкӕн! Мӕнгӕвдисӕнтӕ ралӕууыдысты мӕ ныхмӕ, фыр мӕстӕй цъӕх арт уадзынц.


Хъусӕй цы фехъуыстам, уый ныр нӕхи цӕстӕй уынӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, нӕ Хуыцауы сахары — ӕнустӕм ӕй ӕрфидар кодта Хуыцау.


Паддзахӕн бирӕ цӕрӕнбон ратт, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ куыд фӕцӕра, афтӕ;


Уӕд ефремонты фыдӕхӕн кӕрон ӕрцӕудзӕни, уӕд иудейӕгты фыдӕхӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Ефремонтӕ иудейӕгтӕм нал хӕлӕг кӕндзысты, иудейӕгтӕ знаджы цӕстӕй нал кӕсдзысты ефремонтӕм.


Ӕрбайхъусут, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы ном чи хӕссы ӕмӕ Иудӕйы артӕй рацӕугӕ чи у, уыдон! Сымах ард фӕхӕрут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауыл нымайут Израилы Хуыцауы, фӕлӕ Йыл не стут иузӕрдион, не стут рӕстгӕнӕг.


Бениамины хӕдзарвӕндагӕй — Елидад, Кислоны фырт.


фӕлӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн ӕххуыс кодта Йӕхӕдӕг. Уыцы бон сын израилӕгтӕ се ’фсадӕй амардтой фондз ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз мин гӕрзифтонг хӕстоны.


Мӕлӕты размӕ бырстой Зевулоны фӕдонтӕ, семӕ Неффалим дӕр — быдыры къуыбыртыл!


Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Израилы цыбырдӕр хӕдзарвӕндагӕй куы дӕн — Бениамины байзӕддаг. Мӕ мыггаг дӕр Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ тӕккӕ гыццылдӕр куы у, уӕд мын уый куыд зӕгъыс?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan