Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 68:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 О Дунедарӕг, дзуапп мын ратт, Ды хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион куы дӕ! Ӕркӕс мӕм, Дӕ хорзӕх бирӕ куы у!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 О Дунедарӕг, дзуапп мын ратт, Ды хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион куы дӕ! Ӕркӕс мӕм, Дӕ хорзӕх бирӕ куы у!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 68:17
16 Iomraidhean Croise  

Фӕндагыл ныхасгӕнгӕ куыд фӕцӕйцыдысты, афтӕ фӕзынди пиллонкалгӕ уӕрдон артуадзгӕ бӕхтимӕ, сӕ дыууӕйы ’хсӕн фестадысты, ӕмӕ Илийа тымыгъы мидӕг уӕларвмӕ ацыд.


Хуыцауы тас — сыгъдӕг, нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ. Дунедарӕгӕн йӕ тӕрхӕттӕ — ӕцӕг, иууылдӕр рӕстаг сты.


Кады зарӕг кӕнут Дунедарӕгӕн, Сионы Паддзахӕн, адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Хуыцау ын загъта: «Ӕрбацу-ма хӕстӕг. Дӕ дзабыртӕ ралас — цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх.


Дунедарӕджы Кувӕндон цы хохыл ис, уый фӕстагмӕ суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуылдымты сӕрты акӕсдзӕн; адӕмтӕ йӕм сараздзысты се ’ргом.


Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Уый Мӕ паддзахы бадӕн у, Мӕ къахӕрӕвӕрӕн. Ам мыггагмӕ цӕрдзынӕн Израилы адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ Мын Израилӕн йӕ адӕм дӕр ӕмӕ йӕ паддзӕхтӕ дӕр нал ӕгад кӕндзысты Мӕ уаз ном: нал дӕр гуымирытӕм кувдзысты, нал дӕр та сӕ паддзӕхты мӕрдтӕ Мӕ цуры ныгӕндзысты.


Фӕлӕ ныр се ’нӕуаг митӕ ныууадздзысты, сӕ паддзӕхты мӕрдтӕ Мӕ цӕстыты разӕй фесафдзысты, ӕмӕ Ӕз мыггагмӕ се ’хсӕн цӕрдзынӕн.


Йӕ паддзахы бадӕн — арт, йӕ цӕлхытӕ артау цӕхӕр калынц, Йӕ цурӕй пиллонкалгӕ арт цӕугӕдонау размӕ бырсы. Лӕггад Ын кӕнынц мин-минтӕ, уырдыг Ын лӕууынц ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ. Байгом сты чингуытӕ, ӕмӕ тӕрхон райдыдта.


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ маст цӕугӕдӕттӕм ссыгъди? Ӕви Дын денджызмӕ рафыхти? Дугъы куы уайыс Дӕ бӕхтыл, уӕлахизгӕнӕг тохуӕрдӕттыл!


Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?


Уый загъта: «Дунедарӕг Синайӕ рацыди, Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис, Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ Параны хӕхты сӕр, Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт.


Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахы бадӕны, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры алыварс цы бирӕ зӕдтӕ уыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыдон уыдысты ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ, мин-минтӕ


Ӕз фехъуыстон бӕхджын ӕфсады нымӕц — уый уыди дыууӕсӕдӕ милуаны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan