Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 68:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дӕ Хӕдзары мӕт мӕ удхарӕй мары, Дӕ фыдгойгӕнджыты фидистӕ мӕ фауынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Дӕ Хӕдзары мӕт мӕ удхарӕй мары, Дӕ фыдгойгӕнджыты фидистӕ мӕ фауынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 68:10
18 Iomraidhean Croise  

уӕд-иу уӕларвӕй фехъус Дӕ лӕггадгӕнджыты, Израилы адӕмы, ӕмӕ-иу сын ныббар сӕ азым, раст фӕндагыл-иу сӕ сараз, фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн сын цы зӕхх радтай, ууыл та-иу къӕвдайы ’ртах ӕруадз!


Фӕлвӕрдтай нӕ, Хуыцау, стайын нӕ кодтай ӕвзистау.


Ахсӕн хызы нӕ баппӕрстай, хъадамантӕ ныл сӕвӕрдтай,


Уый нын нӕ цард хъахъхъӕны ӕмӕ нӕ фӕцудын нӕ уадзы.


Фӕлмӕст ӕмӕ стад лӕгӕн Йӕхӕдӕг куы дӕтты хъомыс.


Моисей ӕмӕ Аароны алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Дзыллӕ иууылдӕр сыгъдӕг сты, ӕмӕ Дунедарӕг ис се ’хсӕн! Уӕдӕ уӕхи Дунедарӕджы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн кӕнут?»


куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Йӕ хорзӕхтӕй бафсӕста ӕххормӕгты, бонджынты та ницӕимӕ арвыста.


Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.


Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг.


Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan