Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 66:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 66:3
19 Iomraidhean Croise  

«Уымӕ ис уӕлдӕр хицаудзинад, ӕмӕ Дзы куыннӕ тарстӕуа? Уый ӕвӕры дунейы уаг Йӕ бӕрзӕндӕй!


Дунедарӕг стыр у, ӕмӕ Йӕ стауынц нӕ Хуыцауы сахары. Уым — Йӕ уаз хох,


Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ: Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.


Ӕз ӕфхӕрд дӕн ӕмӕ хъизӕмар кӕнын, фӕлӕ мын Ды, Хуыцау, баххуыс кӕндзынӕ, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кӕндзынӕ.


Ӕрымысдзынӕн Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, Дӕ кӕддӕры диссӕгтӕ ӕрлӕудзысты мӕ зӕрдыл.


Мариам базарыд: «Ныззарут Дунедарӕгӕн, — стыр у Уый! Бӕхтӕ ӕмӕ барджыты Уый денджызы нывзылдта!»


Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.


Уымӕ гӕсгӕ Дын кад кӕндзысты хъомысджын адӕмтӕ, ӕгъатыр адӕмты сахартӕ аргъуыц кӕндзысты Дӕ разы.


Уӕ цӕстытыл схӕцут уӕлӕмӕ, скӕсут уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут, Чи сӕ сфӕлдыста, Ууыл. Чи сфӕлдыста уый бӕрц стъалытӕ? Чи сӕ базмӕлын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсадау? Уый сӕ алкӕцымӕ дӕр дзуры йӕ номӕй. Иумӕ дӕр сӕ нӕ фӕвӕййы ӕнӕ фӕсидгӕ.


Ӕнӕнхъӕлӕджы тасӕфтауӕг хъуыддӕгтӕ куы арӕзтай ӕмӕ-иу уӕларвӕй куы ’рхызтӕ, уӕд-иу ӕмризӕджы ныррызтызты хӕхтӕ.


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan