Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 65:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Адӕмтӕ! Арфӕ ракӕнут нӕ Хуыцауӕн, скад Ын кӕнут хъӕрӕй!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Адӕмтӕ! Арфӕ ракӕнут нӕ Хуыцауӕн, скад Ын кӕнут хъӕрӕй!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 65:8
22 Iomraidhean Croise  

Цалынмӕ зӕхх уа, уӕдмӕ таудзысты ӕмӕ кӕрддзысты, скӕндзӕн-иу хъызт ӕмӕ ӕнтӕф рӕстӕджытӕ, уыдзӕни сӕрд ӕмӕ зымӕг, бон ӕмӕ ӕхсӕв».


Дӕ цӕрӕнбонты искуы Хурыскастӕн бардзырд радтай, Сӕуӕхсидӕн йӕ бынат бацамыдтай,


Сӕударӕй дзӕгъӕлы сыстут, ӕнафонмӕ дзӕгъӕлы фӕбадут — фыдӕбонгӕнгӕ бакусут къӕбӕрваг. Дунедарӕг кӕй уарзы, уыдон та фынӕй кӕнынц ӕнӕмӕтӕй.


мӕй ӕмӕ стъалытӕ — ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


О Вавилоны чызг, заууатмӕ кӕнӕг! Тӕхудиаг уыдзӕн, ды махӕн цы бакодтай, уый дын дӕхицӕн чи бакӕна!


Стаут Ӕй, хур ӕмӕ мӕй, стаут Ӕй, цӕхӕркалгӕ стъалытӕ.


Дӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллы, уыдон дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’ппӕт фӕндтӕ дӕ къухы цы бафтой, уыцы ахъаз дын бакӕнӕд!


Кур, ӕмӕ дын адӕмты дӕ къухмӕ ратдзынӕн, арвы кӕрӕттӕм зӕхх дӕ бар бакӕндзынӕн.


Дӕ Кувӕндонмӕ иууылсудзинӕгтӕ бахӕсдзынӕн, мӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ разы —


цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.


Нымадӕй ахӕссӕм ӕвдай азы, хъӕддыхдӕр чи у, уый — ӕстай, сӕ фылдӕр хай — фыдӕбон ӕмӕ низтӕ; уайтагъд фӕвӕййынц, ӕмӕ ӕрбайсӕфӕм.


Ӕмбухынц дзыллӕтӕ, знӕт фурды уылӕнтау. Фӕлӕ сӕм Хуыцау бартхъирӕн кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фесты дардмӕ, дымгӕ зыгуымы муртӕ хӕхтыл куыд ахӕссы, зилгӕ уад рыг куыд сыздухы, уыйау.


Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan