2 Сыстаут Ын Йӕ ном, скад Ын кӕнут!
Сихорафон аивгъуыдта, адон та се ’рра митӕй изӕрыгон нывонд хӕссыны афонмӕ дӕр нӕма банцадысты. Фӕлӕ сӕм иу сым ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуыст, хъуыды дӕр сӕ ничи ӕркодта.
Фехъус мӕ, Дунедарӕг, фехъус мӕ! Ацы адӕм базонӕнт, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ та сын сӕ зӕрдӕ Дӕхи ’рдӕм кӕй раздахдзынӕ, уый».
Скуывта Йӕм, ӕмӕ йӕм Хуыцау Йӕ хъус ӕрдардта, айста йын йӕ куывд. Фӕстӕмӕ йӕ ’рбаздӕхта Йерусалиммӕ, йӕ паддзахы бадӕнмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй Менассиа базыдта, Дунедарӕг ӕцӕгӕйдӕр Хуыцау кӕй у, уый.
Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдон та Дунедарӕджы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты мыггагмӕ.
О Дунедарӕг, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!
Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».
Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.
Уӕд Мӕм алы мӕйног ӕмӕ ӕрвылсабат иууылдӕр цӕудзысты, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр зоныг кӕндзӕни Мӕ разы.
Дӕ ныхмӕ рацыди дӕрӕнгӕнӕг! Дӕ фидӕрттӕ ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ хъахъхъӕн, дӕ астӕу ӕрбабӕтт ӕмӕ дӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кӕн.
Ӕз зӕххӕй уӕлӕмӕ ист куы ӕрцӕуон, уӕд алкӕй дӕр Мӕхимӕ ӕрхондзынӕн».
ӕмӕ мын загъта: „Корнелий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.
Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».