Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 64:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дӕ хъаруйы фӕрцы ӕрӕвӕрдтай хӕхтӕ, хъомысӕй сфӕлыстай Дӕхи.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Дӕ хъаруйы фӕрцы ӕрӕвӕрдтай хӕхтӕ, хъомысӕй сфӕлыстай Дӕхи.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 64:7
18 Iomraidhean Croise  

Иу заман Сирийы ӕфсадӕй иу хӕстон зӕрдаивӕй йӕ фат суагъта ӕмӕ Израилы паддзахы фӕцӕф кодта. Фат згъӕрхӕдонӕн йе згъӕрсыфты ’хсӕнты бацыд. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта: «Ардыгӕй мӕ алас! Цӕф дӕн».


Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау.


Барвӕндӕй кӕй ракӕнӕн ис, уыдонӕй дӕр бахиз Дӕ цагъары, цӕмӕй мыл ма фӕуӕлахиз уой. Уӕд ӕз баззайдзынӕн сыгъдӕгӕй, стыр тӕригъӕд мӕхимӕ нӕ райсдзынӕн.


Мӕ тӕригъӕдтӕ мыл уӕлахиз кӕнынц; Ды нӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕ нӕ азымӕй.


Дӕ бӕлоны уд знӕгты къухмӕ ма ратт, Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы рохуаты ма ныууадз бынтон.


Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.


Афтӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй йыл ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы фесӕфдзӕн ӕмӕ йӕ ничиуал фервӕзын кӕндзӕн.


Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.


уымӕ гӕсгӕ, бӕрзонд быру куы аскъуыйы ӕмӕ йын ӕвиппайды рафӕлдӕхынӕй тас куыд вӕййы, уыйау уыдзӕни сымах хъуыддаг дӕр уӕ азымы тыххӕй.


Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?


Уӕд, дыууӕйӕ быдыры куы уой — сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.


Ӕз сыл Мӕ фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, Мӕ фӕттӕ сыл схардз кӕндзынӕн.


Мӕ фӕттӕ срасыг уыдзысты тугӕй, Уацайрӕгтӕ ӕмӕ мӕрдты фыдӕй, сӕ тугӕй бафсӕддзӕн мӕ кард, йӕ балхонты сӕртӕ сын анымайдзӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan