Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 61:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Иунӕг Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ хъахъхъӕнӕг сис — ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Иунӕг Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ хъахъхъӕнӕг сис — ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 61:7
15 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».


Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.


Ӕнустӕм кадджын уӕд Дӕ ном! Афтӕ куыд дзурой: „Израилы Хуыцау — Уӕларвӕфсады Бардарӕг“. Ӕмӕ кӕддӕриддӕр Дӕ разы уӕд Дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг.


Нӕ фыдӕлтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дӕуыл, ӕмӕ-иу сӕ Ды бахызтай бӕллӕхӕй.


О Дунедарӕг! Батӕригъӕд мын кӕн! Мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кӕн, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр аккаг фӕуон!


Мӕ уд, цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ, цӕуыл у дӕ сагъӕс? Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.


Ды Дӕхи къухӕй иннӕ адӕмты фӕсырдтай, уыдоны та ӕрцӕрын кодтай сӕ зӕххыл; басастай ӕмӕ фӕтардтай адӕмты.


Уӕ мидзӕрдӕйы фыдвӕндтӕ нывӕндут, зӕххыл уӕ къухтӕ аразынц тыхми.


Паддзахы хъахъхъӕнынц хӕрзаудӕн ӕмӕ ӕцӕгдзинад, йӕ паддзахы бадӕны ’рфидар вӕййы иузӕрдиондзинады фӕрцы.


Ды иузӕрдион уыдзынӕ Йаковыл, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ Авраамӕн, райдианы нӕ фыдӕлтӕн сомы куыд ракодтай, афтӕ.


Йаковы байзӕддагӕн паддзахиуӕг кӕндзӕни мыггагмӕ, ӕмӕ Йӕ Паддзахадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн».


Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan