Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 61:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕрмӕстдӕр мын Хуыцау ратты ӕнцой, Уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Ӕрмӕстдӕр мын Хуыцау ратты ӕнцой, Уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 61:2
20 Iomraidhean Croise  

Мӕ фӕдыл сагъуыди знаг ӕмӕ мӕ ссӕнды, раджы чи амарди, уый хуызӕн мӕ талынгмӕ ӕппары.


Адӕймаг у дымгӕйы ӕрбадымдау, йӕ царды бонтӕ аууонау ӕрбайсӕфынц.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды зарӕг Дунедарӕгыл. Скодта йӕ, Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд.


Уӕлӕрвтӕ Хуыцауы кадыл дзурынц, арвы къӕй ӕвдисӕн у Йӕ хъуыддӕгтӕн!


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы архайдмӕ, Йе ’рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Уый сӕ ныззыгуым кӕндзӕн, сӕхиуыл схӕцын сӕ нал бауадздзӕн.


Тӕхудиаг у мӕгуырыл аудӕг — бӕллӕхы бон ӕй Дунедарӕг фервӕзын кӕндзӕн.


О Хуыцау, Ды — мӕ паддзах! Фервӕзын кӕн Йаковы фӕдонты!


Кӕй дзырдӕй ӕппӕлын, уыцы Хуыцау мӕ ныфс у, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?


О Хуыцау! Ды мӕ Хуыцау дӕ, сӕумӕйӕ Дӕм тырнын. Дӕумӕ бӕллы мӕ уд, ӕнӕдон, хус ӕдзӕрӕг быдыры, Дӕу мысгӕйӕ, ӕз баруайын.


Мӕ уд цыма сойӕфсӕст у, уыйау райгӕйӕ Дӕ стауы ме ’взаг.


Цы фехъуыстам ӕмӕ цы базыдтам, фыдӕлтӕ нын кӕй радзырдтой,


Алчидӕр сӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕни, сис дымгӕйӕ куыд бахизы, уӕлхӕдзар — тыгъдызӕйӕ, суадӕттӕ хус быдыры куыд бахъӕуынц, бӕрзонд къӕдзӕхы аууон ӕдзӕрӕг ран фӕллад лӕгӕн куыд баххуыс кӕны, уыйау.


Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.


Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди.


Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan