Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 60:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Паддзахӕн бирӕ цӕрӕнбон ратт, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ куыд фӕцӕра, афтӕ;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Паддзахӕн бирӕ цӕрӕнбон ратт, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ куыд фӕцӕра, афтӕ;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 60:7
9 Iomraidhean Croise  

Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй дӕр Давидимӕ баиу ис иу къорд, уый филистимӕгтимӕ Саулы ныхмӕ схӕцынмӕ куы цыди, уӕд. Ӕцӕг сын нӕ баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ филистимаг ӕлдӕрттӕ ауынаффӕ кодтой ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ раздӕхтой. Загътой: «Йӕ хицау Саулы фарс фӕуыдзӕн ӕмӕ нӕ ныхмӕ рацӕудзӕн».


Иорданы фале цӕрджытӕй — Рувим ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕй, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй ӕрцыд сӕдӕ дыууын мин лӕджы, алы хотыхтӕй ифтонг.


тӕрхоны рӕстӕг азымджын разынӕд, тӕригъӕдыл нымад ӕрцӕуӕд йӕ куывд;


Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.


Галаады ӕмбис ӕмӕ Башаны паддзах Огы сӕйраг сахартӕ Аштарот ӕмӕ Едреи. Уыцы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Менассиайы фырт Махиры байзӕддӕгты ӕмбисӕн мыггаггай.


Йӕ хал схаудта Йосефы фыццаг зӕнӕг Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн дӕр. Менассиайы фыццаг зӕнӕг Махирӕн — Галаады фыдӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хай — Галаад ӕмӕ Башан — райстой раздӕр.


Давид ын дзуапп радта: «Гъеныр дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, дӕ цагъар цы бакӕндзӕн, уый». Ахиш загъта Давидӕн: «Гъемӕ дӕ нырӕй фӕстӕмӕ мӕхицӕн хъахъхъӕнӕгӕй исын».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan