Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 60:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 О Хуыцау, фехъуыстай мын мӕ сомытӕ, чи Дӕ тӕрсы, уыдонимӕ мын исбон радтай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 О Хуыцау, фехъуыстай мын мӕ сомытӕ, чи Дӕ тӕрсы, уыдонимӕ мын исбон радтай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 60:6
21 Iomraidhean Croise  

Ханааны зӕххыл сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ бафтыдысты Шехеммӕ, Морейы тулдз кӕм уыди, уыцы бынатмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты,


Гъеныр уӕ фӕнд сӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта Давиды тыххӕй: „Мӕ цагъар Давиды фӕрцы Мӕ адӕмы, Израилы, филистимӕгтӕ ӕмӕ се ’ппӕт иннӕ знӕгтӕй фервӕзын кӕндзынӕн“».


Уый мын Йе ’ххуыс ӕрӕрвитдзӕн уӕларвӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн, фегад кӕндзӕн Мӕ фӕдылзилджыты. Хуыцау мыл ӕруадздзӕни Йӕ хорзӕх, Йе ’цӕгады фарн.


Пехуымпарты тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕмризӕджы ризын! Дунедарӕджы уаз ныхӕсты тыххӕй расыгау сдӕн, цыма мыл сӕн фӕтых ис, уыйау!


Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй: ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕ цӕгтӕ ӕмӕ ӕнгуыртӕй уацары акӕндзысты.


Фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Афтӕ бакӕн, цӕмӕй ацы бӕстӕ Израилы адӕмӕн суа фыдӕй-фыртмӕйы исбон, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ фыдӕлтӕн сомы ракодтон йӕ раттыны тыххӕй!


Иорданы тӕрфы та: Бет-Харам, Бет-Нимра, Суккот ӕмӕ Цафон — Рувимы хайӕ фӕстӕмӕ хешбонаг паддзах Сигоны зӕхх, Иорданы дон ӕмӕ донӕн йе скӕсӕйнаг былгӕрон Киннереты денджызы онг.


Менассиайы зӕхх Ашерӕй аххӕссыд Михметаты онг, уый ис Шехемы акомкоммӕ. Уырдыгӕй Менассиайы арӕн йӕхи айтыгъта хуссарӕрдӕм, Ен-Таппуахы донгуырӕны цур Йашувы онг.


Ӕмӕ израилӕгтӕ сӕрӕфснайынӕн снысан кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: Галилейы, Неффалимы байзӕддӕгты хӕхбӕсты — Кедеш, Ефремы фӕдонты хӕхбӕсты — Шехем, иудейӕгты хӕхбӕсты та — Кирйат-Арба (ома Хеврон).


Израилы хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр Йешуа ӕрӕмбырд кодта Шехеммӕ, уыимӕ фӕсидт Израилы хистӕртӕм, дзыллӕйы хицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ иууылдӕр ӕрлӕууыдысты Хуыцауы раз.


Израилӕгтӕ Йосефы стджытӕ дӕр, Мысырӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, баныгӕдтой Шехемы, Йаков Шехемы фыд Хаморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ Йосефы байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбон чи сси, уыцы зӕххы хайы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan