Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Чи амӕла, уый Дӕ нал ӕрымысдзӕн. Мӕрдтыбӕсты Дӕ чи сыстаудзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Чи амӕла, уый Дӕ нал ӕрымысдзӕн. Мӕрдтыбӕсты Дӕ чи сыстаудзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 6:6
23 Iomraidhean Croise  

Цардӕй мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис, ӕмӕ куыннӕ кӕнон хъарджытӕ? Мӕ уды хъизӕмар раргом кӕндзынӕн.


Мӕ хӕлӕрттӕ мыл худынц, фӕлӕ мӕ цӕссыг Хуыцауы раз калын.


«Раздӕрау мӕ судзаг хъӕстытӕ кӕнын, Йӕ къухы уӕзӕй хъӕрзын.


Афтӕ мӕ хай сты мӕнӕн дӕр ӕнӕуд мӕйтӕ, мӕ хъысмӕт — уӕззау ӕхсӕвтӕ.


Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг — уынгӕджы бон мыл акодта, фыр хъизӕмарӕй мӕ цӕстытӕ дудынц, судзынц мӕ уд ӕмӕ мӕ буар.


Мӕ тӕригъӕдтӕй мӕ фервӕзын кӕн, ӕдылытӕн мын мӕ сӕр хъазинаг ма фӕкӕн!


Дунедарӕг, Дӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕхай ма фӕкӕн! Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад иудадзыг хъахъхъӕнӕнт мӕн!


Дӕ рухс ӕмӕ Де ’цӕгад мын рарвит, уыдон мӕ ахонӕнт Дӕ уаз хохмӕ, Дӕ цӕрӕнмӕ.


Мӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдон фӕхудинаг уӕнт, фидиссаг фӕуӕнт! Ме сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон ӕгадӕй аздӕхӕнт фӕстӕмӕ.


Мӕлӕтдзаг цӕф ныккодтай Рахавӕн, Дӕ хъомысджын къухӕй Де знӕгты фӕсырдтай.


О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? О Дунедарӕг, чи у тыхджын Дӕуау? Дӕ алыварс — Дӕ иузӕрдиондзинад.


Мӕрдтыбӕсты Дын ничи скад кӕндзӕн, мард чи у, уый нӕ ныззардзӕн Дӕ кадӕн. Ингӕнмӕ чи ныххиза, уый Дыл нӕ бафӕдзӕхсдзӕн йӕхи.


Ацы ныхӕстӕ сын фехъусын кӕн». Ӕхсӕвӕй-бонӕй ма бахус уӕд мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы чызгӕн тынг арф у йӕ хъӕдгом, уӕззау сты йӕ цӕфтӕ.


О, уый тыххӕй куы кӕуын ӕз, мӕ цӕссыг цӕстытӕй куы ранхъӕвзы! Мӕ Сабыргӕнӕг, мӕлӕтӕй Ирвӕзынгӕнӕг, о, дард куы у мӕнӕй! Фӕуӕлахиз мыл, басаста мӕ ме знаг, мӕ хъӕбултӕ, мӕ сабитӕ куы сӕфынц!


Ӕхсӕвы тары сау цӕссыг куы згъалы, йӕ рагуарзӕттӕй иу куы нӕй йӕ цуры! Гадзрахатӕй йыл рацыдысты ’рдхӕрдтӕ, уӕ, систы йе знӕгтӕ!


Тыхсы мӕ уд, о, бакуырм дӕн фыр куыдӕй! Мӕ зӕрдӕ скъуыны, уӕ, мӕ адӕм сӕфынц! Чысыл сабитӕ сахары уынгты сыдӕй мӕлынц!


Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕрлӕууыд ӕмӕ куыдта. Йӕ цӕссыгтӕ Йесойы къӕхтыл калдысты, ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта, Йӕ къӕхтӕн Ын батӕ кодта ӕмӕ сӕ миррӕйӕ сӕрста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan